Республикон программæ «Арæзтад» фидаргонд æрцыд 2024 азы апрелы РЦИ-Аланийы Хицауады æмбырды Уæрæсейы Президенты уынаффæйæ.
2024-2030 азы бындурон цалцæггонд цы 219 объекты æрцæудзысты федералон бюджеты æххуысæй, уыцы арæзтæдты номхыгъд сцæттæ. Уымæй уæлдай, федералон программæты архайынмæ бюджетон курдиæттæ цæттæ сты 201 объектæн.
2020-2027 азты цы 18,3 миллиард сомы радих кæндзысты, уыдонæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объекты цалцæгæн рахай кæндзысты 1,1 миллиард сомы, æнæниздзинад хъахъхъæнынадæн – 2,4 миллиард сомы, культурæйæн – 554,1 милуан сомы, ахуырадæн – 7,7 миллиард сомы, спорты объекттæн – 975 милуан сомы, социалон къабазæн – 644 милуаны, фæндæгты хæдзарадæн – 3 миллиард сомы, æрдзхъахъхъæнынадæн – 447 милуан сомы.
Æппæты фылдæр хæрдзтæ – 45 проценты, схардз кæндзысты ахуырады объекттыл, – скъолаты, рæвдауæндæтты, профессионалон ахуырады бæстыхæйтты бындурон цалцæгыл.
Уыимæ, 2025-2026 азты Дзæуджыхъæуы цыппар поликлиникæйы, Фыййагдоны поселочы пульмонологон центр, 2027-2028 азты та Мæздæджы ног арæндоны арæзтад æмæ цалцæггæнæн куыстытæм бавналдзысты.
Бындурон цалцæггæнæн куыстытæм æнхъæлмæ кæсынц æнæниздзинад хъахъхъæнынады 38 объекты.
Культурæйы къабазы объекттæй цалцæггæнæн куыстытæ цæудзысты Ирон академион театры, Чайковскийы номыл сывæллæтты музыкалон скъолайы, уыимæ, районты культурæйы хæдзæрттæ æмæ библиотекæты.
Ацы æмæ æндæр вазыгджын фарстатæ РЦИ-Аланийы Хицауады радон æмбырды фехъусын кодта нæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр
Бетанты Марат.
Æмбырд амыдта Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.
Æппæтуæрæсеон конкурс «Хуыздæр муниципалон практикæ» дарддæр йæ куыст кæндзæн æмæ дзы Цæгат Ирыстон разæнгардæй архайдзæн регионалон къæпхæны.
Дзанайты Барисы ныхасмæ гæсгæ, уый ахъаз уыдзæн адæмæн æнцонвадат уавæртæ аразынæн.
РЦИ-Аланийы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим радзырдта «РЦИ-Аланийы уæлдай хъахъхъæнинаг æрдзон фæзуæтты тыххæй» – закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны фæдыл.
Инвалидтæ æмæ зын уавæрты бахауæг бинонтæн алывæрсыг реабилитацийы, стæй хæстонты сывæллæттæн фæлладуадзæн-дзæбæхгæнæн бынæттæм балцæгтæ дæттыны æмæ æндæр фарстатæ рæгъмæ рахаста РЦИ-Аланийы Фæллой æмæ социалон рæзты министрады минæвар. Бинонты ’хсæн тыхстдзинад цы сылгоймæгтæ æвзарынц сабитимæ, уыдон Дзæуджыхъæуы, реабилитацион центр «Доброе сердце»-йы суазæг кæндзысты.
Фермертæ æмæ хъæууон кооперациты райрæзтæн æххуысы системæ саразынæн субсидитæ дæттыны фæткæвæрд сфидар кæнын куыд ахсджиаг у, уый тыххæй дзырдта нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан.
Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой æндæр фарстатыл.
– Æппæт дæр араздзыстæм адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, – ахæм хæс æвæры республикæйы Сæргълæууæг. – Ивддзинæдтæ бахастам бæлццæттæ ласæн транспорты программæмæ. 2021 азæй нырмæ æлхæд æрцыд 28 трамвайы вагоны æмæ 212 ног автобусы, сæ иумæйаг аргъ у цыппар миллиард сомы.
Алывæрсыг арæзтады комплексон программæтæн 2027 азмæ радих кæндзысты 18 миллиард сомы. Арæзт цæудзысты скъолатæ, рæвдауæндæттæ, коммуналон хæдзарады объекттæ æмæ æндæртæ. Бирæ куыст ис, сæйрагдæр та у, цæмæй хæрзхъæд æмæ афойнадыл конд æрцæуой, – фæнысан кодта кæронбæттæны
Дзанайты Барис.
Гугкаты Жаннæ