Национ центр «Уæрæсе»-йы рæгъмæ рахастой æмæ йæ архайджыты базонгæ кодтой национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-имæ.
Уæрæсейы Президенты Администрацийы разамонæджы фыццаг хæдивæг Сергей Кириенко куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй кæстæртæ национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы хорзæхтæ исæг не сты, фæлæ ма сæ схонæн ис проекты автортæ дæр. «Æнæхъæн бæстæйæн нæ Президент куыд бацамыдта, афтæмæй фæсивæдимæ æмæ сывæллæттимæ куысты хъуамæ, фыццагдæр, архайой сывæллæттæ сæхæдæг. Рæстæг уæхи у, уымæн æмæ Уæрæсе абон у гæнæнты фæзуат», – загъта Сергей Кириенко.
Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко дæр хъуыддаджы архайджытæм фæсидт: «Уæрæсейы Президент Владимир Путины руаджы кæстæртæн лæвæрд æрцыд национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ». Уый йæ размæ æвæры, кæстæрты хъомысæй спайда кæнын æмæ сын сæ курдиат раргом кæныны хæс. Уæ размæ тынг бирæ фæндæгтæ ис».
Нæ бæстæйы Рухсады министр Сергей Кравцов та радзырдта, министрад цы федералон проекттыл бакуыста, уыдоны тыххæй. «Ныр хъуамæ фæлтæрдджын проект «Ахуырад»-æй дарддæр ахизæм, бавналæм иннæ федералон нысантæм. Фондз азмæ нæ къухы æнтыстытæ бафтыд, сарæзтам ног инфраструктурæ, хъуамæ уый бындурыл саразæм ахадгæ куыст. «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-мæ бахастам ноджыдæр цыппар федералон проекты», – загъта федералон чиновник.
Национ центр «Уæрæсе»-йы фæзы ма кадджын уавæры бавнæлдтой 2025 азы фæсивæдон форумтыкампани байгом кæнынмæ. Уым бацархайдта Сергей Кравцов дæр. Æппæт ацы мадзæлттæ скæндзысты нæ бæстæйы 25 регионы, Калининградæй Камчаткæмæ, Донбасс æмæ Новороссия нымайгæйæ.
РЦИ-Аланийы
ахуырад æмæ
наукæйы
министрады
пресс-службæ