РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттимæ. Мадзал арæзт æрцыд ахуырадон уагдоны ЮНЕСКО-йы залы.
Фембæлды архайджытæн зæрдиаг салам ратгæйæ, республикæйы Сæргълæууæг фæбæрæг кодта, ныхас æргом кæй уыдзæн, æмæ студенттæй ракуырдта, цæмæй ма æфсæрмы кæной фарстатæ дæттынæй.
Дыууæ сахатæй фылдæр ахаста æргом ныхас. Дзырдтой фæсивæдæн æххуысы мадзæлттыл, нырыккон ахуырадон системæйыл, абон цавæр дæсныйæдтæ æмæ специалисттæ хъæуы æхсæнады æмæ æндæр фарстатыл. Студенттæ регионы Сæргълæууæджы стыр цымыдисæй фарстой нæ республикæйы фæзуаты дарддæры райрæзтæй, стæй ма Сергей Меняйлойæн дзырдтой, алы ахсджиаг фарстатæ алыг кæнынæн сæм цы хъуыдытæ æмæ фæндтæ ис, уыдон. Ахæм ныхас, æнæмæнг, фæахъаз æрыгæтты домæнтæ æмæ æнæлыггонд фарстатæ арфдæр бамбарынæн.
Сергей Меняйло фæбæрæг кодта, фæсивæдимæ ахæм фембæлдтытæ дарддæр дæр арæзт кæй цæудзысты, уымæн æмæ республикæйы фидæны рæзтæн ахъаз сты.
– Абон мах иумæйаг хъарутæй æппæтдæр аразæм, цæмæй Уæрæсейы цард бонæй-бонмæ хуыздæр кæна. Сымахæй алчидæр, йæхи бынаты, Райгуырæн бæстæйæн пайдахæссæг уыдзæн – фидæны дохтыртæ, экономисттæ, юристтæ, инженертæ, административон кусджытæ – уæ куыст, уæ размæ æвæрд нысантæ, куыд æмбæлы, афтæ куы æххæст кæнат, уæд нæ бæстæйы размæцыд, рæзт æмæ æдасдзинадмæ стыр æвæрæн бахæсдзыстут, уыдзыстут ын аккаг граждæнтæ. Тынг æхсызгон мын уыд уе ‘ппæты фенд дæр. Царды фæндагыл рæствæндаг ут! Зындзинæдтæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æвзардзыстут, уæлахизтæ дæр уæм æнхъæлмæ кæсынц, фæлæ сæйрагдæр у æнæ искæй фæрсаг æххуысæй, цы нысантæ æвæрат уæ размæ, уыдонмæ æдæрсгæйæ цæуын, стæй сыл дзуапп дæттын, – фембæлды кæронбæттæны загъта Сергей Меняйло.
ГАПБАТЫ Алетæ