Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст республикон закъонты проекттæ æмæ Парламенты закъонæвæрынадон хъæппæрис.
Кировы районы Елхоты хъæу, Горæтгæрон районы Джызæл æмæ Æрæфы районы Сырх-Дыгуры хъæуæн «Æфсæддон намысы цæрæн бынат»-ы кадджын нæмттæ раттыны тыххæй республикон закъонты проектты фæдыл ныхас кодта Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Закъонæвæрынадон хъæппæрис равдисæг у республикæйы Сæргълæууæг. Документты куыд загъд ис, афтæмæй ацы кадджын ном лæвæрд цæудзæн, Цытджын Уæлахизмæ уæлдай стырдæр бавæрæн кæй цæрджытæ бахастой æмæ уæлдай карз хæстон цаутæ хæстæгдæр цы цæрæн бынæттæм цыд, уыдонæн.
Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандр æркæсынмæ бавдыста «Организациты исбоныл хъалон æвæрыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект. Йæ нысан у Дзæуджыхъæуы Вагæттæ цалцæггæнæн заводы куыстхъомдзинад бахъахъхъæнын æмæ йын баххуыс кæнын. Уыцы нысанимæ йæ хæстæгдæр азты хъалонтæ фидынæй суæгъд кæнын. Афтæмæй фæстауæрцгонд цы æхца æрцæуа, уымæй завод йæ куыстадон хъомыс рацараздзæн, æмæ йæ гæнæнтæ фæфылдæр кæндзæн.
Советы уæнгтæ байхъуыстой сахъат-сывæллæтты æмæ, йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ йæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, уыцы сывæллæтты ахуырады къабаз æмæ йæ размæцыды гæнæнты тыххæй республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæйы раныхасмæ. Куыд загъта, афтæмæй хъуыддагыл дзуапдæттæг сты Ахуырад æмæ наукæйы, Æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ Фæллой æмæ социалон рæзты министрадтæ. «Амынд сывæллæтты къордтæ кæм ахуыр кæнынц, цыппар уыцы уагдоны кусынц, куыд куыстой, афтæ. Æдæппæт дзы ахуыр кæны, се ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, 5700 ахæм сывæллоны, уыдонæй 2300 сты инвалидтæ. Хъыгагæн, азæй-азмæ рынчын сывæллæтты нымæц кæны фылдæр, уæлдай фылдæр кæнынц аутизмæй рынчын сывæллæттæ. Уыдонæн хорз уаид хуымæтæг скъолайы иннæ сывæллæттимæ иумæ ахуыр кæнын дæр, æхсæнадмæ æмхицдæр цæмæй кæной, уый тыххæй», – загъта министр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, раздæрау, нæй фаг, семæ чи куса æмæ сæ чи ахуыр кæна, ахæм специалисттæ. Уый тыххæй педагогон колледжы байгом кодтой уыцы дæсныдзинадыл цæттæгæнæн дыууæ къорды. Хъуыддагæн хорз фæахъаз, республикæйы Сæргълæу-
уæджы хъæппæрисæй, рынчын сывæллæттимæ кусæг ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджытæн сæ мыздыл 15 проценты кæй бафтыд, уый дæр. Уымæй уæлдай, Алыбегты Эллæ куыд загъта, афтæмæй уæлæмхасæн ахуы-
рад ныртæккæ æххæссы рынчын æмæ сахъат сывæллæтты 58 процентыл, афæдзы кæронмæ та хъуамæ аххæсса сæ 90 процентыл.
Фарстайы фæдыл æм-доклад скодта Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уавæрыл хуыздæрæрдæм фæзындзысты инклюзивон, стæй дæрддзæфмæ ахуырады гæнæнтæ.
Фарстайы фæдыл йæ фиппаинæгтæ загъта Тускъаты Таймураз.
Парламенты социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ æркæсынмæ рахаста Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Татьянæ Голиковамæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты курдиат. Ныхас цæуы, кармæ гæсгæ фæдзæхстадон пенси æмгъуыдæй раздæр снысан кæнын кæмæн æмбæлы, адæмы уыцы къордтæм бахæссын дохтыртæ-неонатологты дæр. «Ацы специалисттæ фаг нæй, афтæмæй та хъæуынц тынг æхсызгонæй. Уавæр сагъæссаг у канд нæ республикæйы нæ, фæлæ Уæрæсейы бирæ регионты дæр. Нæ закъонæвæрынадон хъæппæрис раст æмæ хъæугæ кæй у, ууыл дзурæг у, йæ фарс кæй рахæцыд Хуссар Уæрæсейы парламентон ассоциаци дæр. Закъон фидаргонд куы ‘рцæуа, уæд уый, æнæмæнг, хъуыддагæн уыдзæн ахъаз», – загъта депутат.
Уымæй уæлдай, Советы æмбырды каст цы закъонты проекттæм æрцыд, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Хæдарцаты Аслæнбег, Остъаты Георги, Качараты Олег.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ