Ветерантæн уæлæмхасæн социалон æххуысы фарстатæ…

0
62

УФ-йы Федералон Æмбырды уæллаг палатæйы уыд Федеративон сконды, регионалон политикæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады фарстаты фæдыл комитеты æмбырд. Фембæлды архайдта Федерацийы Советы уæнг Цæгат Ирыстонæй Виталий Назаренко дæр.

Сенатортæ æркастысты гæрзифтонг быцæуты ветерантæн социалон зæрдæдарæнтæ æмæ æндæр фарстатимæ баст закъонæвæрынадон хъæппæристæм.

Афтæ, комитеты уæнгтæ хорзыл банымадтой гæрзифтонг быцæуты архайджытæ æмæ инвалидты барадон статус фæбæлвырддæр кæнын æмæ сын уæлæмхасæн социалон æххуыс дæттыны фæдыл закъонæвæрынадон хъæппæрис. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй иуцасдæр фæуæрæхдæр уыдзæн, гæрзифтонг быцæуты ветерантæ æмæ инвалидты къордмæ чи хауы, уыцы адæмы номхыгъд. Ног уагæвæрдмæ гæсгæ, ахæмтыл нымад уыдзысты, нæ бæстæмæ гæрзифтонгæй æрбалæбурæг къордты ныхмæ тохы чи архайдта кæнæ, паддзахадон арæнмæ ’ввахс бынæттæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы тæлмы алыварс регионтæм æрбафтæг гæрзифтонг къордтæн ныхкъуырд чи лæвæрдта, уыцы службæгæнджытæ дæр. Ахæм ногдзинады фæрцы амынд къорды уæнгтæн уыдзæн уæлæмхасæн паддзахадон æххуыс, хуыздæр хъахъхъæд цæудзысты сæ социалон бартæ.

Комитеты уæнгтæ бæстон æрдзырдтой Гæрзифтонг тыхтæм æрсидты фæдыл закъонæвæрынадмæ ивддзинæдтæ бахæссыны, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты амæттæгтæ æмæ æндæр æфсæддон мемориалтæм зилыны фæтк æмæ æндæр фарстатыл дæр.

Æмбырды архайдтой профилон федералон министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæ дæр.

 

ÆЛБОРТЫ Зæлинæ, УФ-йы сенаторы
æххуысгæнæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here