Фатер æлхæныны заман

0
177

Арæзтадон куыстуат № 214-ФЗ федералон закъонмæ гæсгæ кæй кусы, фатер балхæныны фæндскæнæг адæймаджы хæс у уый рахатын. Арæзтадон куыстуаты хæс у хайадон арæзтады архайды тыххæй бадзырд (дарддæр –ХААБ) сфидар кæнын.

Æрмæст юридикон иуæгмæ (æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад, акционерон æхсæнад, æнæкоммерцион кусæндон, цæрæнуатон-арæзтадон кооператив) ис арæзтадон куыстуаты ном хæссыны бар. Индивидуалон амалиуæггæнджытæ æмæ физикон иуæгтæм хайадон арæзтады архайæг адæймæгтæй æхцайы фæрæзтæ исыны бар нæй.

Арæзтадæн бардæттæг гæххæтт кæд 2018 азы 1 июлы фæстæ райстæуыд, уæд юридикон иуæджы номы фыссын хъæуы дзырдтæ «Сæрмагонд арæзтадон куыст-
уат».

Рагагъоммæ бадзырд сфидар кæныны фæндонхæссæг арæзтадон куыстуатæй фатер æлхæнын не ’мбæлы. Æхца ахæм уавæры дæттынц къух документты æрæвæрыны хæдфæстæ, кæнæ къæпхæнгай, фæлæ адæймагæн уый бæсты зæрдæдарæнтæ нæ вæййы.

Арæзтадон бадзырд сфидар кæнынц арæзтады æмгъуыдмæ. Хайадисæг адæймаг фатеры хицау кæмæ гæсгæ суыдзæн, балхæды-уæйкæнынады ахæм сæйраг бадзырд адæймагимæ сфидар кæнынц æрмæст объект кæронмæ саразыны
фæстæ. Паддзахадон уагæй кæй не срегистраци кæнынц, уыцы рагагъоммæйы бадзырд адæймагæн зæрдæдарæнтæ æппындæр нæ дæтты. Уымæй уæлдай, ацы бадзырд æхцайы хыгъдтæ æппындæр нæ амоны, æхца фидын æмбæлы балхæды -уæйкæнынады бадзырдмæ гæсгæ, æмæ афтæмæй «Хайадон арæзтады тыххæй»
№ 214-ФЗ закъон адæймагæн зæрдæдарæнтæ кæмæй аразы, фатерæлхæнæг (æминвестор) æппæтæй сæйрагдæр ахæм æууæл – хъахъхъæнынад – нæ райсы. Уымæй уæлдай, адæймаг дывæр уæйкæнынадæй (ома, уæвæн ис, æмæ йын йæ фатер ноджыдæр ма цалдæр хатты ауæй кæндзысты) хызт нæу, адæймагæн арæзтады æмгъуыдты фехæлдимæ баст уайдзæфтæ бакæныны фадат, стæй йæм
хæстæ афоныл нæ сæххæст кæныны тыххæй пеня бадомыны бар нæй. Уый нæ, фæлæ ма уæвæн ис, æмæ рагагъоммæйы бадзырд æфсонон фидыдæй банымай-
дзысты.

Ахсджиаг æууæл!

Хæдзар арæзт куы фæуа, уæд уæвæн ис, æмæ арæзтадон кусæндоны нæ ба-
фæнддзæн арæзтады архайджытимæ сæйраг бадзырд сфидар кæнын. Ахæм уавæры бахауæг адæймагæн ис æхца фæстæмæ бадомыны бар, фæлæ, инфляци нымайгæйæ, раздæр кæй бафыстой, уæвæн ис, æмæ æхца бадомыны бонмæ уыцы æхцайы бæрц бæлвырд фæкъаддæр уыдзæн.

Уæлдæрамынд закъон кæй амоны, хайадисджыты раз хи хæстæ нæ сæххæст кæныны тыххæй уыцы бæрнондзинадæй хи фæтылиф кæнын кæй фæнды, уыцы арæзтадон куыстуæттæ кæмæй спайда кæнынц, уæлдæрамынд æууæл нымад у фатертæ уæйкæнынады ахæм «фæныкхуыз хахныв»-ыл.

Арæзтадон кусæндонмæ арæзтад æххæст кæныны, зæххы хай балхæныны, кæнæ йæ хаццоны райсыны бар ис æви нæй, арæзтадон куыстуатæй фатер балхæныны размæ уыдæттæ сбæлвырд кæнын æмбæлы.

Арæзтадон куыстуат ХААБ сфидар кæныны фæндон кæд хæссы, уæд адæймаджы хæс у, проектон деклараци мæнæ ахæм адрисмæ гæсгæ: https://наш.дом.рф-йы цæрæнуатон арæзтады иугонд информацион системæйы мыхуыргонд у æви нæ, уый сбæлвырд кæнын. Уæлдæрамынд закъоны 19-æм статьямæ гæсгæ, арæзтадон куыстуаты æмæ арæзтады продукты тыххæй хабæрттæ кæдæм хауынц, ахæм проектон деклараци бæлвырд кæны, арæзтадон куыстуатмæ бирæфатерон хæдзæрттæ, кæнæ  ацы проектон декларацийы амынд æндæр бындурон объекттæ аразынæн адæмæй æмæ юридикон иуæгтæй æхцайы фæрæзтæ исыны бар ис æви нæй, уый. Арæзтадон куыстуатæн юридикон фæстиуджытæ чи расайы, проектон деклараци нымад у уыцы цаутæ æвдисæг официалон документыл.

Арæзтадон  куыстуаты хæс у закъонон арæзтад æвдисæг къорд документы, стæй фидæны фатерæлхæнæг йæ къух кæм хъуамæ æрæвæра, ахæм бадзырд бавдисын. Амынд бадзырд райсæг адæймагæн ис бындурон исбонимæ фидыдтыты къабазы кусæг юристмæ, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад, кæнæ бæлвырдгонд афон (æрвылдыццæг 10 сахатæй 13 сахаты онг) мæнæ ахæм адрисмæ гæсгæ: Дзæуджыхъæу, Чкаловы уынг, 3 – респуб-
ликæйы адæмæй æхцайы фæрæзтæ исынимæ бирæфатерон хæдзæрттæ аразæг арæзтадон куыстуæтты архайдмæ цæстдарæг оргæнмæ бахатыны фадат.

Арæзтадон куыстуаты тыххæй фиппаинæгтæ, стæй фатер балхæнынмæ кæм хъавут, ахæм бæлвырд объекты арæзтады хабæрттæ.

Уæвæн ис, æмæ объект бахастой дзырддаг объектты иугонд номхыгъдмæ æмæ (кæнæ) йын къуыллуппæй тæссаг у.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм уавæры уæвæг арæзтадон куыстуатмæ ХААБ срегистраци кæныны бар нæй, фæлæ хайадисджытæй искæмæ ис бартæ ногæй радтыны фæдыл бадзырдмæ гæсгæ дзырддаг хæдзары хи квадратон метртæ ауæй кæныны бар.

Дæхæдæг кæй нæ федтай, ахæм хæдзары фатер макуы балхæн.

Æппæт документтæ кæд нывыл уавæры сты, юристмæ фиппаинæгтæ кæд нæй, хæдзары арæзтад кæронмæ кæд фæхæццæ кæны, уæд дæр арæзтадон фæзмæ бацу, æмæ дзы куыст куыд цæуы, уый дæхæдæг комкоммæ фен. Арæзтадон
куыстытæ чи æххæст кæны, ацы куыстытæ кæд райдыдтой æмæ кæд фæуыдзыс-
ты, уыдæттæ амынд кæм вæййынц, алы арæзтады æмбондыл дæр хъуамæ фидаргонд уа ахæм информацион уарт (баннер). Ацы объект кæй аразынц æмæ арæзтадон
куыстуат кæй тыххæй хабар фехъусын кодта, арæзтад уыцы къæпхæнмæ кæй бахæццæ, уый рахатын æмбæлы.

Къух кæм æрæвæрынц, бадзырд сфидар кæныны рæстæг æппæт ахæм документтæ ноджыдæр ма иу хатт лæмбынæг бакæсын æмбæлы.

«Хайадон арæзтады тыххæй» № 214 федералон закъоны 4-æм статьямæ гæсгæ, ХААБ хъуамæ амона мæнæ ахæм æууæлтæ:

1) арæзтадон куыстуатæн кæронмæ арæзт объект байгом кæныны бар куы радтой, уæд проектон документтæм гæсгæ хайадон арæзтады раттинаг объекты ном;

2) арæзтадон куыстуат хайадон арæзтады архайæгæн объект кæд ратдзæн, уыцы æмгъуыд;

3) бадзырды аргъ æмæ йæ бафысты æмгъуыдтæ;

4) хайадон арæзтады объектæн зæрдæдарæнты æмгъуыд;

5) хайадон арæзтады архайджытæй æхцайы фæрæзтæ исыны æууæлтæй иу.

Фиппаинаг!

Уæлдæрамынд æууæлтæ кæм нæй, ахæм бадзырд нымад у æнæфидаргондыл.

Арæзтадон куыстуат:

– хайадон арæзтады архайды бадзырд паддзахадон уагæй кæд нæ регистраци кæны;

– хайадон арæзтады архайды бадзырды бæсты æндæр искæцы рагагъоммæйы бадзырд сфидар кæныны фæндон кæд хæссы;

– фидæны фатеры аргъы æмхуызон аргъы векселтæ балхæныны фæндон кæд хæссы,

– искæцы иумæйаг æмбаладмæ бацæуыны фæндон кæд хæссы;

– лæвæрд æхцайы фæрæзтæ фæстæмæ раттыны бæсты цæрæнуат æрдæгарæзт хæдзары райсыны фæндон кæд хæссы;

– хайадон арæзтады архайæджы бартæ кæд хъыгдары, бадзырдæн кæрон сæвæрыны, уæлдай квадратон метрты аргъы бафысты, кæнæ нæфаггæнæг квадратон метрты компенсацийы, стæй хæдзар кæронмæ саразыны фæстæ фатеры хъæндзинæдтæ аиуварс кæныны æууæлтæ бадзырды бацамоныныл кæд нæ разы кæны, уæд арæзтадон куыстуатыл æвæстиатæй хи атигъ кæнын æмбæлы.

 

РЦИ-Аланийы Арæзтад æмæ
архитектурæйы министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here