Цæгат Ирыстоны цæрджытæн хорз зындгонд у Уæрæсейы адæмон артист, театр æмæ кинойы ирд архайæг Евгений КНЯЗЕВ. Ацы бонты та дзæуджыхъæуккаг аивадуарзджытæн ног фембæлд уыд актеримæ…
Евгений Князевæн рагон бастдзинæдтæ ис Цæгат Ирыстонимæ, уый иу æмæ дыууæ хатты нæ уыд сфæлдыстадон балцыты Дзæуджыхъæуы. Ноджы арæхдæр артист æфтын райдыдта нæ республикæмæ, ног аивадон фæзуат «Вахтанговы хæ-
дзар» куы байгом, уæдæй фæстæмæ. Уыцы сфæлдыстадон артдзæсты Князевæн ныридæгæн цалдæр сæрмагонд концерты уыд.
Æмæ та – ног фембæлд. Ацы хатт зындгонд актер ссис Мариинаг театры Дзæуджыхъæуккаг филиалы уазæг. Ныр та Евгений аивадуарзджыты рæгъмæ рахаста, стыр композитор Петр Чайковскийы фыст балет «Лебединое озеро»-йæн цы историон æмæ таурæгъон бындуртæ уыд, уыимæ баст литературон-музыкалон равдыст. «Раиртасын мæ бафæндыд, композитор йæ оперæ цавæр æрмæджыты бындурыл ныффыста, уый. «Лебединое озеро»-йы сюжетон бындур æввахс у рагон немыцаг таурæгътæм. Уыцы литературон æрмæг нырыккон æвзагмæ раивтам æмæ йæ рахастам аивад-уарзджыты размæ. Уыцы хъуыддаджы мæ фарсмæ æрбалæууыдысты Мариинаг театры ирыстойнаг хайады симфонион оркестры музыканттæ… Афтæ райгуырд нæ литературон-музыкалон композици. Куыд банкъардтон, афтæмæй залы бадæг æдæмæн цымыдисаг уыд таурæгъон хабæрттæм байхъусын, балет «Лебединое озеро»-йы алæмæты музыкæйы ногæй «аныгъуылын». Ирыстойнаг аивадуарзджытæй бузныг дæн, алкæддæр мыл зæрдиагæй кæй бацин кæнынц, уый тыххæй», – концерты фæстæ йе ’нкъарæнтæ раргом кодта Евгений Князев…
Артист куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй йын Оперæ æмæ балеты дзæуджыхъæуккаг театры сценæ дæр æцæгæлон нæу. «Кæддæр ацы сценæйыл æрлæууыдыстæм дзæнæты бадинаг актер, Советон Цæдисы адæмон артист Василий Лановойимæ. Уæд нæ йæ фестивалмæ фæхуыдта Уæрæсейы адæмон артисткæ Гергиты Ларисæ. Уыцы рæстæг мæнæн æмæ Василийæн саккаг кодтой РЦИ-Аланийы сгуыхт артисты кадджын нæмттæ. Уыцы фембæлдтыты тыххæй мысинæгтæ зæрдæйæн адджын сты, разæнгард мæ кæнынц Ирыстонмæ ног балцытæм», – бафиппайдта Дзæуджыхъæуы кадджын уазæг.
СЛАНТЫ Аслан














