Цæцæны Республикæйы сæйраг горæт Грознайы уæгъдибар хъæбысхæс-
тæй цыдысты Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæ фæсивæдон кары (21 азы онг) богæлтты ’хсæн. Ерыстæ Грознайы арæзт æрцыдысты таурæгъон богал, Олимпиаг хъæзтыты æртæ хатты уæлахиздзау Бувайсар Сайтиевы рухс ном ссарыны кадæн.
Ацы кары богæлттæ сты, хæстæгдæр азты нæ абоны зындгонддæр æмæ фæлтæрдджындæр богæлтты чи раивдзæн, уыцы лæппутæ. Уымæ гæсгæ сæ архайдмæ уæлдай цымыдисагдæрæй фæкæсынц, куыд хъæбысхæсты сæрмагонд кусджытæ, афтæ спортуарзджытæ дæр.
Ерыстæ цы дæс уæзы цыдысты, уым архайдтой 400 богалы, æмæ рауадысты тынг цымыдисаг. Ирыстойнаг лæппутæн бантыст авд хæрзиуæджы рамбулын. Ирон богæлттæ уæлдай сæрæндæрæй сæхи равдыстой уæззау уæзы. Гаглойты Инал æмæ Уалыты Вильям зынгæ арæхстджындæр уыдысты сæ ныхмæлæуджытæй. Сæ дыууæ дæр æнæкъуылымпыйæ фæуæлахиз сты сæ æртыгай ныхмæлæуджытыл æмæ кæронбæттæны фембæлдысты 1-аг бынат рамбулыныл тохы. Сæ хъазуатон æмæ цымыдисаг фембæлд ахицæн Гаглойты Иналы пайдайæн 3:2 хыгъдæй.
Ирон богæлттæй кæронбæттæнмæ рацыдысты Челдыты Инал (70 кг онг уæзы) æмæ Фрайты Руслан (97 кг). Инал цæмæй кæронбæттæнмæ рацæуа, уый тыххæй йæ хъуыди йæ ныхмæлæууæджы рамбулын, æмæ уыцы хæс сæххæст кодта æнæкъуылымпыйæ. Кæронбæттæны йæ ныхмæлæууæг уыд Мæскуыйы облæсты номæй хæцæг Ислам Кажаров. Сæ фембæлды фæуæлахиз Ислам Кажаров, Челдыйы-фырт та бацахста 2-аг бынат.
97 кг онг уæзы хорз цæттæдзинад равдыста Фрайты Руслан дæр. Уый рамбылдта цыппар ныхмæлæууæгæй æмæ кæронбæттæны фембæлд дагестайнаг богал Магомедгаджи Магомедовимæ. Ам спортивон амонд фæци Магомедгаджийы фарс, æмæ уый ссис ерысты уæлахиздзау, Фрайты Руслан та хорзæхджын ссис æвзист майданæй.
Иу сыгъзæрин æмæ æртæ æвзист майдантæй уæлдай, ирон богæлттæ хорзæхджын систы æртæ бронзæ хæрзиуæгæй. Æртыккаг бынæттæ бацахстой 79 кг – Абайты Георги, 92 кг – Тогойты Артур, 97 кг – Санахъоты Родион.
Нæ богæлтты ерыстæм бацæттæ кодтой тренертæ Хъоцыты Витали, Дзодзыккаты Владимир, Кцойты Сослан, Æрчъегкаты Тотрадз, Дудайты Эльбрус, Биазырты Марик, Санаты Георги, Хъæцмæзты Ренат, Наниты Зураб, Æлборты Раман.
Баскаты Уырызмæг












