Майрæмадаг – хæстон намысы хъæу

0
45

Республикæйы Парламенты сфидар кодтой «Хæстон намысы цæрæн бынæттæ»-йы тыххæй закъон. Афтæмæй, Елхот, Джызæл, Сырх-Дыгур æмæ Майрæмадагæн раттой кадджын ном. Уæлахизы юбилейы агъоммæ сæ иу, Майрæмадаг, бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд.

Суаргомы музейы иугонды ис цыппар Æфсымæрон ингæны.1942 азы декабры кæрон уæззау хæстытæн кæрон куы ‘рцыд, уæд фæмардуæвæг хæстонты хъæуы цæрджытæ ласын райдыдтой иу бынатмæ. Дыууæ мæйы æмæ ‘рдæгмæ дзы цалы бавæрдтой, уый абоны онг дæр бæрæг нæу. Подольскы Уæрæсейы Хъахъхъæнынады архивы фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ абоны онг бæрæг сты 320 хæстоны нæмттæ.

Суаргомы хъахъхъæнджыты Æфсымæрон ингæнтыл ма уыцы рæстæг бафтыд, фæзындысты   Къодахджын æмæ хъæуы скъолайы кæрты. Сæ уавæр зæрдæхсаинаг нæу, ивгъуыд аз Къодахджыны ингæнмæ бындуронæй базылдысты, скъолайы кæрты ингæнмæ дæр цæстдард цæуы. Хъуыдыйаг у, музейы кæрты цы Æфсымæрон ингæн ис, уый уавæр. Базилын æм хъуыд, æнæ фæрæзтæй та хъуыддагæн саразæн нæ уыд.

«Стыр Ныхас»-ы уæды сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Еналдыты Хъазыбег æй ссардта. Йæ уидæгтæ ацы хъæуæй кæмæн сты, уыцы амалхъом Мысыкаты Таймураз Мæскуыйæ сæрвыста æхца. 2021 азы куыстытæ райдыдтой. Нæ иннæ Мæскуйы цæрæг æмзæххон, архитектор Олег Николаенко лæвар бакуыста комплексы дизайныл. 2021 азы куыстытæ райдыдтой, арæзтад бабар кодтой ООО «Гранит»-æн. Базылдысты йæм, фæлæ уæдæй куыст æрлæууыд, æхцайы фæрæзтæ кæй не сфаг, уый аххосæй.

Цæвиттон, Æнусон арт æрцыд цалцæг, хæстонты нæмттимæ къæйдуртæ  æмæ ингæны алыварс къæйдуртæ сæвæрынæн та æхца нал сфаг. Бабæрæг кодтам куыстуат, фембæлдыстæм йæ разамонæг Кæркуысты Зазаимæ. Куыд базыдтам, афтæмæй къæйдуртæ ныр цыппæрæм аз лæууынц æвæрынæввонгæй, æмæ цæттæ у куыстытæ сæхи аргъæй кæронмæ ахæццæ кæнынмæ.

Майрæмададжы музей ис Национ музейы бæрны, Кортиаты Янæ – Суаргомы музейы директор нын  бамбарын кодта:

«Ныридæгæн цæттæ кæнæм Уæлахизы 80 азы бонмæ. Зилæм, æфсна-йæм, ахорæм музейы бынат, йæ бæстыхæйттæ. Нырыккон ифтонггæрзтæ сæвæрдтам Мады намысы залы. Фæлæ Æфсымæрон ингæн, йæ рацаразын цы хуызы снысан кодтой, уыцы куыстытæ куы сæххæст кæниккой, уæд сулæфиккам».

– Музей æмæ йæ алыварс фæзуат банывыл кæнинаг сты, ингæнтыл цыртытæ йæ рæстæджы эпоксидон писийæ скодтой, уæдæй сæм æвнæлд нæ уыд, æмæ сыл рæстæг нæ бацауæрста. Æфсымæрон ингæнмæ бацæуæнтæ, йæ алывæрстæ,  къахвæндæгтæ ногæй аразинаг сты, ацы аз се скæнынæн фæрæзтæ ‘вæрд не ‘рцыд. Ахсджиаг у, музейы алфамбылай хъæуы цæрджытæн хæрзвадат мадзæлттæ саразыныл бакусын, саив кæнын хæстæгдæр бынæттæ, цæмæй дзы цæрджытæн фадат уа, хæстон намысы хъæуы ном кæй хæссынц, уый зæрдыл дарынæн æмæ нырыккон царды тæвагæй зæрдæтæ рухс кæнынæн. Нæ зæрдæ дардзыстæм, фидæн аз кæй бантысдзæн уыцы куыстытæ бакæнынæн æхца бюджеты сæвæрын æмæ сæ сæххæст кæнын нæ къухы кæй бафтдзæн, – зæгъы Дзæуджыхъæуы Национ музейы директор Цуциты Аслан.

Йæ абоныл хъуыдыгæнгæйæ, йæ ивгъуыд цы æхсæнады рох кæнынц, уымæн фидæн нæй. 1942 азы ноябры Майрæмадаг фашисттæй уæгъдгонд æрцыд. Йе суæгъд кæнынæн йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдонæн балæггад кæнын – æхсæнады хæс. Уæрæсейы паддзахад, йæ адæм æппæт тыхтæй дæр архайынц сæрмагонд æфсæддон операцийы уæлахизимæ фæуды бон æрбахæстæг кæныныл. Раттаджы къух, дам, райсаг у. Уымæн иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдыстæм æвдисæн. Кæд разынид не ‘хсæн, Суаргомы хæстонты Æфсымæрон ингæн йæ уагыл скæныныл чи бацархайдзæн, ахæм бæркадкъух адæймæгтæ…

 

ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
къамтæ систа
Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here