Михаил Мишустин – Цæгат Ирыстоны

0
33

Цæгат Ирыстонмæ кусæг балцы ссыд Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин. Йæ зæрды уыд респуб-ликæйы цалдæр кусæг объекты бабæрæг кæнын.

Аэропорты уазæгыл сæмбæлдысты Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайка, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уырдыгæй Михаил Мишустин ацыд Беслæны «Зæдты горæтмæ», цæмæй балæууа «Хъыджы бæлас»-ы  цур, сæрмагонд нысаниуæджы къордтæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы æфсæддонты цыртытыл дидинджытæ сæвæра.

Уæрæсейы Хицауады Сæрдар йæ фæндаг акодта Беслæны музыкалон скъолайыл. Ацы объект горæты фæзынд фарон, сарæзтой йæ Беслæны рæзты генералон пъланмæ гæсгæ, хæссы Махъоты Ацæмæзы ном. Композиторы руа-джы ацы скъолайы фæзынд композиторты кълас. Æрыгон музыкантты Уæрæсейы Хицауады Сæрдарыл сæмбæлдысты æхсызгонæй.

Сæ музыкалон уацмыс-тæ цагътой зæрдæбынæй, Михаил Мишустин сын стыр аргъ скодта. Загъта сын арфæйы ныхæстæ, сæ цæттæдзинад бæрзонд æмвæзады кæй ис, уый сын бафиппайдта. Уæрæсейы Хицауады Сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй-иу ацы скъолайæ рацæудзысты ног музыканттæ, уыдонæн сæ бынат уыдзæн стыр сценæтыл.

Дарддæр республикæйы æмæ Рахизфарсы районы разамындимæ бæстæйы Хицауады Сæрдар æрныхас кодта, Беслæны социалон-экономикон рæзты генералон пълан царды уадзын куыд æнтысы, ууыл. Уыцы хъуыддаг сарæзтой Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй нырмæ царды бантыстысты 45 алыхуызон объекты, 2026 азмæ сæ зæрды ис ноджыдæр ма æртæ проекты. Сæ иу – сывæллæтты аивадон скъола, иннæ – поликлиникæйы рацарæзт æмæ æртыккаг — доны былгæрæттæ сфидар кæнын.

Программæйы иу нысан æххæстгонд цæуы æппынæдзух, ома, террористон акты хъыгдардбаййафæг адæмæн лæвæрд цæуы материалон æххуыс. Уымæн дихгонд æрцыд 8,5 миллиард сомы. Уымæй уæлдай, Беслæны бавнæлдтой Президенты ног хæстæ программæйы фæлгæты æххæст кæнынмæ. Зæгъæм, культурон-патриотон центры экспозицитæ саразынæн дихгонд æрцыд 267,4 милуан сомы. Куыстытæ фæуыдзысты 2026 азы кæрон.

«Зæдты горæт»-ы  реставраци райдайдзысты 2026 азы. Нæ респуб-ликæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд радзырдта, афтæмæй
бæстæйы Президент бафæдзæхста, цæмæй фæфылдæр уой финансты бæрцытæ, материалон æххуыс кæндзысты 2030 азы онг. Субсидитæ систы 100 милуан сомы.

Ахæм бæстон ныхасы фæстæ уазджытæ æмæ фысымтæ бабæрæг кодтой Æрхонкæйы «Казачий хутор», зæгъгæ, дыргъты куыстуат. Михаил Мишус-тин федта дыргъты цæхæрадæттæ, базонгæ йæ кодтой куыстуаты хъомысимæ. Фыццаг цæхæрадон ам фæзынд 2016 азы, ахста 210 гектары. Абон йæ фæзуат у 1060 гектары, æрвылаз дæр дзы ис сисæн 50 мин тоннæйы бæрц дыргътæ.

«Казачий хутор» йæ продукци æрвиты æппæт бæстæмæ, федералон базарадон хызтимæ дæр ын æмгуыстад ис. Фæткъуытæ уадзæг егъау куыстуæттæ Уæрæсейы сты фондз, се хсæн – «Казачий хутор» дæр. Проекты разамонæг Магкæты Марат куыд радзырдта, афтæмæй сæм зайы фæткъуыты хуызтæ «голден», «ред делишес», «гала», «фуджи».

«Æлхæнджытæ зонынц продукци, агурынц æй, æппæт хъуыддæгтæм бæрнон цæстæй кæсæм, уæлдай æргом здахæм фæткъуыты хæрзхъæддзинадмæ. Æрмæст ацы аз сæмбырд кодтам 35 мин тоннæйы фæткъуы», – фæбæрæг кодта Магкæйы-фырт. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ куыстуаты ис пластикæй асыччытæ уадзæн хи цех.

Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Сергей Мишус-тин кусæг балцы Цæгат Ирыстонмæ кæй ссыд, уый ахсджиаг цау у нæ республикæйæн. Йæ балцы нысан уыд регионы ног социалон æмæ экономикон рæзты мадзæлттæ, Ирыстоны цæрæг адæмы царды хæрзхъæддзинад фæхуыздæр кæнын.

 

Хъойбайты Галинæ, къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here