Уæрæсейы Президенты дзуаппытæ

0
36

«Нæ бæстæйы хъуамæ фæзыной, æппæт Уæрæсейы цæрджытæ кæуыл æууæндой, ахæм цалдæр адæймаджы», – афтæ загъта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин телеканал «Уæрæсе 1»-æн йæ интервюйы.

Президенты ныхасы сæйрагдæр рахæцæнтæ уын уæ размæ хæссæм:

Украинæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы тыххæй

Уæрæсе сæрмагонд æфсæддон операцимæ нæ тырныдта, фæндыд æй Донбассы зындзинæдтæ сабыр фæрæзты фæрцы алыг кæнын.

Нæ бæстæ фаг хъомысджын у, цæмæй сæрмагонд æфсæддон операци аккаг хуызы кæронмæ æрхæццæ уа.

Ныгуылæны бæстæты ныхмæ лæууыны тыххæй

Ныгуылæн аккаг хуызы йæ ахаст нæ фæбæрæг кодта Мюнхенаг конференцийы хатдзæгтæм, афтæмæй Украинæйы æрцыдыс-ты ацы трагикон цаутæ.

2014 азы сæрмагонд æфсæддон операци райдайæн нæ уыд, Ныгуылæны ныхмæ мах бон нæ уыд схæцын.

90-æм æмæ 2000 азты историон цауты тыххæй

Уæрæсейы 90 азты сепаратистон змæлд уыд тыхджын, уыимæ æрмæст Кавказы нæ.

90 азты Уæрæсе куы нæ бахъахъхъæдтаиккам, уæд нæ фидæн уыдаид хъыгаг, адæм тынг тыхстаиккой.

Уæрæсейы ныхмæ 2000 азты чи уыд, уыдон æппæт фадæттæй архайдтой бæстæ адихтæ кæныныл, ахæм змæлд ныр дæр цæуы.

Ныгуылæнмæ хæццæ кодтой, цæцæйнаг быцæуы террористты фарс кæй сты, фæлæ уыдон сæхи ницы æмбарæг скодтой.

Хæзнатæ æмæ традициты тыххæй

Ныгуылæйнаг социумæй мах чи хицæн кæны, ахæм æууæлы хицæутты стæм: мах æппынæдзух хъуыды кæнæм æнусон нысантыл.

Адæмы иудзинады æмбæхст сты Уæрæсейы уæлахизтæ.

Уæрæсейы милуангай адæмимæ уыцы уæлдæфæй æз дæр улæфын.

Ацы бынаты йæ чи раивдзæн, уыдоны тыххæй

Нæ бæстæйы хъуамæ фæзыной, æппæт Уæрæсейы цæрджытæ кæуыл æууæндой, ахæм цалдæр адæймаджы.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here