Мæздæджы районмæ – уæлдай цæстард

0
52

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Советы уæнгтæ, сæ сæргъы Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз, афтæмæй ацы хатт абалц кодтой Мæздæджы районмæ æмæ уым бынæттон хиуынаффæйады администрацийы разамындимæ иумæ æрныхас кодтой муниципалон сконы социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтыл, равзæрстой, Парламенты ивгъуыд азы уынаффæтæ куыд æххæстгонд æрцыдытсы, уый, фæнысан кодтой фидæны пълантæ æмæ, иумæйаг уынаффæ чи домы, уыцы фарстатæ.

Æмбырд гом кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз йæ разныхасы йе ‘ргом аздæхта Мæздæджы хъæздыг истори æмæ республикæйы размæцыдмæ районы минæвæртты стыр бавæрæн. Стæй бафиппайдта, районæн йæ хъомысмæ гæсгæ йæ фидæны дæр стыр æнтыстытæ æнæмæнг кæй уыдзæн, уый.

Ивгъуыд аз районы социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтæ куыд рауадысты, стæй сæм ацы азмæ цы пълантæ ис, уый фæдыл æмбырды раныхас кодта бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Станислав Никифоров. Куыд загъта, афтæмæй хъалонтæ æмæ æнæхъалонты æфтиæгтæ сæм ивгъуыд аз фæфылдæр сты, æгуыст адæмы нымæц та фæкъаддæр. Уыимæ, бынæттон бюджетмæ хъалонтæ фидыны хъуыддаг бынтон хорз нæу. Стæй ма бафиппайдта, ивгъуыд аз хъæууонхæдзарадон къабæзтæй иуæй-иутæн, зæгъæм, дзидза, æйчытæ æмæ æхсырæн сæ куыстады гуырахст кæй фæкъаддæр, уый.

Дарддæр районы администрацийы сæргълæууæг йæ раныхасы йе ‘ргом аздæхта транспорты куыстмæ. «Районы цы æртын маршруты ис, уыдонæй авд сты финансон æгъдауæй сæхицæн зианхæссæг, социалон æгъдауæй та – хъæугæ. Адæм цæмæй ма фæтыхсой æмæ транспорт æнæкъуылымпыйæ куса, стæй бæлцæттæн лæггадгæнджытæн сæ куыст æфтиæгджын цæмæй уа, уый тыххæй сын район æххуыс кæны субсидитæй»,- загъта Станислав Никифоров.

Уымæй уæлдай, бынæттон администрацийы сæргълæууæг бафиппайдта, район паддзахадон программæты кæй архайы, уыцы хъуыддагæн йæ ахсджиагдзинад. Программæты фæрцы бындурон цалцæггонд æрцыд горæт Мæздæджы æхсæз бирæфатерон хæдзарæн сæ иумæйаг исбон, бызылдысты æмæ банывыл кодтой фондз æхсæнадон бынаты. Ныхас ма цыд районы автомобилон фæндæгты уавæрыл, æрыгон бинонтæн цæрæны уавæртæ хуыздæр кæныны æмæ æндæр фарстатыл.

Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынафæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан ныхас кодта районы экономикон рæзты уавæрыл æмæ йæ гæнæнтыл æмæ бафиппайдта, экономикæйы æмæ социалон къабазы зæрдæмæдзæугæ ивддзинæдтæ кæй æрцыд, уый. Фæлæ сагъæссаг у фæндæгты уавæр, куыд Мæздæджы, афтæ Киевскы хъæу, стæй Павлодольскы æмæ Луковскæйы станицæты. «Транспорты къабаз райрæзын кæнын»-ы паддзахадон программæйы фæлгæты районæн ивгъуыд аз лæвæрд æрцыд 633 милуан сомæй фылдæр, ацы аз та «Регионалон æмæ бынæттон фæндæгты хызæг», зæгъгæ, ацы паддзахадон программæйы фæлгæты – 587 милуан сомы. Фæлæ уæддæр нормативон домæнтæн дзуапп дæттынц бынæттон фæндæгтæн æрмæстдæр сæ 35 проценты, афтæмæй та программмæ гæсгæ уыдон хъуамæ уой æппынкъаддæр 45 проценты», — загъта депутат. Йæ раныхасы кæронбæттæны бафиппайдта, республикæйы хицаудзинад æххæстгæнæг оргæнтæн, стæй районы бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæн Парламент уымæй размæ кæй бацамыдта, Мæздæджы районимæ баст уыцы амынддзинæдтæ, æмткæй райсгæйæ, æххæстгонд кæй æрцыдысты, уый. Парламенты национ политикæйы æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Георги ныхас кодта районы медицинон кусджыты кадавардзинадыл æмæ, фарста алыг кæнынæн сæм цы мадзæлттæ ис, ууыл. Уымæй уæлдай, депутат фехъусын кодта, Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад æмæ нæ республикæйы Хицауад кæй баныхас кодтой 2027 азы Мæздæджы арæзт кæй         æрцæудзæн арæндон, æнхъæлцау сылгоймæгтæн дзы уыдзæн 45 бынаты.

Ахуырады къабазыл ныхас кæнгæйæ, Парламенты депутат куыд фехъусын кодта, афтæмæй «Хъæууон ахуыргæнæг», зæгъгæ, ацы программæйы фæлгæты куыстмæ райстой 16 ахуыргæнæджы. Фæлæ сæм уæддæр ахуыргæнджытæ фаг нæй, уæлдайдæр физикæйæ, математикæйæ, англисаг æмæ ирон æвзæгтæй. Районы скъолатæй иуæй-иутæ ахуырады нырыккон домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Джиоты Георги ма бæстон ныхас кодта культурæйы, спорты, фæсивæдон политикæ æмæ адæмæн куысты бынæттæ дæттыны фарстатыл.

Советы уæнгтæ ма равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст республикон закъонты проекттæ. Ныхсгæнджытæ уыдысты Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег æмæ Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Качараты Олег, Джиоты Георги.

Советы æмбырды фæстæ Тускъаты Таймуразæн уыд фембæлд Мæздæджы районы культурæйы къабазы минæвæрттимæ. Ныхас цыд рæзгæ фæлтæры хъомылады культурæйæн, æмткæй райсгæйæ, аивадæн цы стыр ахадындзинад ис, ууыл. Культурæйы къабазы кусджытæ дзырдтой, программæтæ æмæ национ проектты фæрцы сæ къухы цы æнтыстытæ бафтыд, стæй, фидæны сæ размæ цавæр нысантæ æвæрынц æмæ сæм цы лыггæнинаг фарстатæ ис, ууыл.

Мæздæджы районмæ йæ кусæг балцы рæстæг Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта, Терскаг стæницæйы Культурæйы хæдзары цы нырыккон библиотекæ фæзынд, уый æмæ Хъызлары спортивон комплекс. Терскаг станицæйы библиотекæ йæ рацарæзты фæстæ байгом ивгъуыд азы сентябры æмæ ныр æххæст у æппæт нырыккон нымæцон фæрæзтæй. Сæ чингуыты нæмæц дæр дзæвгар фæфылдæр, сæ иумæйаг фонд у 16 мин чиныгæй фылдæр. Библиотекæйы кусджытæ арæх аразынц алыхуызон мадзæлттæ æрыгæтты æргом чиныг кæсынмæ раздахыны нысанимæ. Ныртæккæ сæ чиныгкæсджыты нымæц у 870 адæймаджы, уыдонæй библиотекæйы лæггæдтæй иудадзыгдæр пайда кæны 470, се ‘хсæн куыд кæстæркъласонтæ, афтæ хистæр кълæсты ахуырдзаутæ дæр.

Хъызлары спортивон галуан хъомыл кæны, 18 азы онг кæуыл цæуы,  300 ахæм æрыгон спортсмены. Цæттæ сæ кæнынц цыппар тренеры æмæ, куыд зæгъынц, афтæмæй сывæллæтты канд спортивон æгъдауæй нæ цæттæ кæнынц, фæлæ се ‘ргом тынг здахынц хъомылады фарстамæ, æрыгæттæ адæймаджы хуыздæр миниуджытæ æххæст куыд уой, уымæ.

Мæздæджы районмæ йæ кусæг балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у, район размæ кæй цæуы, хъалонты æмæ æнæхъалонты хи æфтиæгтæ фылдæр кæй кæнынц, ахсджиаг инвестицион проекттæ æххæст кæй кæны, уый.

— Районы ис, адæмы чи тыхсын кæны, ахæм фарстатæ, зæгъæм, рацаразинаг сты транспортон инфраструктурæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад. Ис æндæр хъуыддæгтæ дæр, æмæ сæ алыг кæныныл бынæттон хицауад зæрдиагæй архайы. Парламенты депутаттæ та цæттæ сты сæ фарсмæ балæууынмæ æмæ сын баххуыс кæнынмæ, — загъта Тускъаты Таймураз.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here