Фæлхасадон базар
2024 азы розницæйы базарады зилдухы бæрц рауад 194759,4 милуан сомы, ома, æндæразимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 6,8% фылдæр.
2024 азы базарадон кусæндæтты æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты розницæйы базарады бæрц рауад 144504,3 милуан сомы, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 5,7% фылдæр. Базарадон кусæндæтты æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты хай розницæйы базарады зилдухы рауад 74,2% (2023 азы – 75,0%).
Розницæйы базартæ æмæ армукъаты ауæйчындæуыд 50255,2 милуан сомы аргъ товартæ, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 10,3% фылдæр.
2024 азы розницæйы базарады зилдухы структурæйы хойраджы бæрц, нозт æмæ тамакотæ нымайгæйæ, рауад 51,6%, промышленнон товарты бæрц та – 48,4% (2023 азы та — 50,2% æмæ 49,8%).
2024 азы адæмæн ауæй кодтой 100459,1 милуан сомы аргъ хойраг (нозт æмæ тамакотæ нымайгæйæ), стæй 94300,3 милуан сомы аргъ промышленнон товартæ. Товарон бæрцæй нымайгæйæ, æндæразимæ абаргæйæ, уый у 106,9 æмæ 106,7%.
2024 азы ауæй кодтой 2626,0 милуан сомы аргъ карз нозт æмæ бæгæны, ома, æндæразимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 17,0% фылдæр. Æндæраз куыд уыд, афтæ фарон дæр карз нозты хайон бæрц розницæйы базарады зилдухы рауад 1,3%.
2024 азы декабры кæрон розницæйы базарады кусæндæтты уыд 48 боны дæргъы уæй кæнынæн фаг 6971,9 милуан сомы аргъ товартæ.
2024 азы æхсæнадон хæлцы зилдухы бæрц рауад 9542,4 милуан сомы, ома, æндæразимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 116,0%.
Арæзтад
2024 азы республикæйы исбонады æппæт хуызты куыстуæттæ æмæ кусæндæттæ экономикæ æмæ социалон къабазы райрæзтæн бындурон капиталмæ спайда кодтой 51428 милуан сомы бæрц инвес-тицитæй (архайæг æргътæй нымайгæйæ), ома, 2023 азимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 6,2% фылдæр.
2024 азы экономикон архайды хуыз «Арæзтад»-мæ гæсгæ æххæстгонд куыстыты бæрц рауад 35800,2 милуан сомы, ома, æндæразимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 120,7%.
2024 азы сарæзтæ-уыд 511,1 мин квадратон метры иумæйаг фæзуаты (дыргъдон цæхæрадæттæ дарынæн зæххы хæйттыл арæзт хæдзæрттæ дæр нымайгæйæ) 6033 фатеры, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 106,2%.
Хицæн адæймæгтæ кæй сарæзтой, уыцы хæдзæртты хай æппæт цæрæн-уæтты бæрцæй рауад 45% иумæйаг фæзуатæй (229,9 мин квадратон метры, ома, 2023 азимæ абаргæйæ, 7,3% фылдæр).
Фарон кусын райдыдтой: 0,68 мин бынаты кæм ис, стурвосæн ахæм скъæттæ; 0,1 мин бынаты кæм ис, сæгътæн ахæм скъæттæ; 1,5 мин бынаты кæм ис, ахæм маргъдарæн скъæттæ; 0,93 мин гектарæн донхорыггæнæн системæтæ; уыцы-иу рæстæг 30 мин тоннæйы хор дарæн кæм ис, ахæм æфснайæн бынæттæ; 2,5 мин тоннæйы товарон кæсæгтæ схæссæн кæм ис, ахæм цадтæ; 10,5 километры дæргъæн электрон тыхуа-дзæн линитæ; 0,7 километры дæргъæн газуадзæн хæтæлтæ; 73,05 километры дæргъæн донуадзæн хызтæ (адонæй 63,45 километры рацарæзты фæрцы); суткæмæ 4,91 мин кубометры кæй хъомыс у, ахæм канализаци; 9,69 километры дæргъæн канализацион хызтæ (адонæй 5,99 километры рацарæзты фæрцы); 26,17 мин
квадратон метры кæй фæзуат у, ахæм базарадон кусæндæттæ; фæндаггон лæггады 1 комплекс; 12 бынаты кæм ис, 3 ахæм хæдтулгæхсæны; 1712 квадратон мет-ры кæй иумæйаг фæзуат у, ахæм базарадон-офисон центртæ; 28,71 километры дæргъæн хъæбæр уæлцъаримæ автомобилон фæндæгтæ; 6,35 мин квадратон метры кæй иумæйаг фæзуат у, ахæм иумæйаг-товарон скълæдтæ; 20 хæдтулгæйæн бынæттæ кæм ис, ахæм бындурон гаражтæ; баст-дзинады 26,6 километры дæргъæн радиорелейон линитæ: 1 антеннон-мачтон объект; 750 ахуырдза-
уæн бынæттæ кæм ис, ахæм иумæйаг ахуыргæнæндон; 48 бынаты кæм ис, рацарæзты фæстæ ахæм музыкалон скъола; 164 бынаты кæм ис, клубы хуызæн кусæг ахæм кусæндæттæ; 5 физкультурон-дзæбæхгæнæн комплексы; 591 квадратон
метры кæй фæзуат у, ахæм спортивон зал; 1 дингæнæн объект.
Фæллойы базар
2024 азы республикæйы æппæт куыстуæттæ æмæ кусæндæтты фæллойгæнджыты нымæц рауад 118,6 мин адæймаджы, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 2,1 % фылдæр.
РЦИ-Аланийы Адæмæн куыстдæттæг комитеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2024 азы декабры кæрон æгуыст адæмы номхыгъдтæм хаст уыд 1,8 мин адæймаджы. Æгуыст адæймаджы официалон уагæвæрд уыд 1,6 мин адæймагмæ (уый у, æндæразимæ абаргæйæ, 35,0% къаддæр).
2024 азы декабры кæрон æххуысисæг æгуыст адæмы нымæц уыд 1,1 мин адæйма-джы, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 28,6% къаддæр.
2024 азы декабры кæрон куыстуæттæ æмæ кусæндæтты нæ фаг кодтой 1174 кусæ-джы, æндæразы уыцы афон та – 1571 кусæджы.
Хъæууон хæдзарад
Фарон æппæт хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ (хъæууонхæдзарадон, зæхкусæн (фермерон) æмæ хицæн адæймæгты хæдзарæдтæ) рауагътой 63360,3 милуан сомы бæрц хъæууонхæдзарадон продукци, æндæразимæ абаргæйæ, уый у, рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ, 1,8 % къаддæр.
Зайæгойты куыстад.
Фарон æппæт хуызты хæдзарæдтæ хор æмæ кæрддзæмджын культуртæ æрнай кодтой 135,3 мин гектарыл (ома, æндæразимæ абаргæйæ, 2,6% къаддæр).
Хоры æмæ кæрддзæмджын культуртæ (кæронбæттæн уагæй бакусыны фæстæ) æрнай кодтой 604,4 мин тоннæйы, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 29,5% къаддæр. Картоф скъахтой 41,4 мин тоннæйы (ома, æндæразимæ абаргæйæ, 2,4% къаддæр), æрæмбырд кодтой гом æмæ æхгæд мæрыл зайæг 25,2 мин тоннæйы халсартæ (6,6% къаддæр). Хоры æмæ кæрддзæмджын культурты фылдæр хай (кæронбæттæн уагæй бакусыны фæстæ) (49,6%) æрзад хъæууонхæдзарадон куыстуæтты, картоф æмæ халсартæ та – адæмы хæдзарæдты (77,0% æмæ 63,5%).
Фосдарынад. Ранымадмæ гæсгæ, 2024 азы декабры кæрон æппæт хуызты хæдзарæдты уыд стурвосы 98,2 мин сæры (ома, 2023 азимæ абаргæйæ, 4,6% фылдæр), адонæй хъуццытæ уыдысты 41,4 мин сæры (0,6% фылдæр), хуыты нымæц – 9,3 мин сæры (43,3% къаддæр), фыстæ æмæ сæгътæ – 80,5 мин сæры (18,9% къаддæр), мæргътæ – 954,4 мин сæры (15,3% фылдæр).
Стурвосы 71,1%, хуыты 100%, фыстæ æмæ сæгъты 43,4% уыдысты хицæн адæймæгты хæдзарæдты (2023 азы декабры кæрон та амынд нымæцтæ уыдысты мæнæ ахæмтæ: 73,6%, 100% æмæ 34,8%).
2024 азы декабры кæрон, 2023 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон кусæндæтты стурвосы нымæц 11,6%, уыимæ, хъуццыты нымæц 13,3%, фыстæ æмæ сæгъты нымæц 13,1%, мæргъты нымæц та 24,4% фæкъаддæр.
Ранымадмæ гæсгæ, 2024 азы æппæт хуызты хæдзарæдтæ æргæвдынæн рауагътой 60,7 мин тоннæйы фос æмæ мæргътæ (удæгас уæзæй нымайгæйæ), 274,1 мин тоннæйы æхсыр æмæ 77,5 милуан айчы.
2024 азы декабры кæрон, æндæразы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон кусæндæттæ фос æмæ мæргътæ æргæвдынæн (удæгас уæзæй нымайгæйæ) рауагътой 10,7%, æхсыр – 0,4% фылдæр, æйчытæ та – 29,1% къаддæр.
Фарон æппæт хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ иу хъугæй æрдыгътой 5218 килограммы æхсыр (æндæраз та – 5305 килограммы).
Хъæууонхæдзарадон продукцийы базарад. 2024 азы, æндæразимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ хор æмæ æйчытæ ауæй кодтой къаддæр, фос æмæ мæргътæ (удæгас уæзæй нымайгæйæ), æхсыр æмæ æхсырæй конд хойраг та – фылдæр.
Социалон фарстатæ
Фарон республикæйы цæрджыты нымæц 53 адæймаджы фæкъаддæр. Амынд рæстæг рай-гуырд 7237 сывæллоны, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 0,7 % фылдæр. Амæлджыты нымæц рауад 6655 адæймаджы (1,7% къаддæр).
Республикæйы цæрджытыл æр-дзон уагæй бафтыд 582 адæйма-джы (æндæраз та – 420 адæймаджы), амæлæг адæмæй 31 сывæллоны (0,5%) афæдз дæр нæ фæцардысты, 2024 азы, æндæразимæ абаргæйæ, сывæллæтты мæлынады коэффициент 19,4% фæфылдæр (1000 ноггуырдæй рæстæмбис нымадæй 4,3 сывæллоны афæдз дæр нæ фæцардысты),
Фарон республикæйы сарæзтæ-уыд 2505 къайады, хæлд та æрцыд 3338 къа-йады. Æндæразимæ абаргæйæ, арæзт къайæдты нымæц 2,7%, хæлд къайæдты нымæц та 25,7% фæ-къаддæр.
РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады миграцийы фарстаты управленийы бæрггæнæнтæм гæсгæ, 2025 азы 1 январы нæ респуб-ликæйы фæзуатыл регистрацигонд уыд цæрæн бынæттæй æнæбары раивæг 30 адæймаджы (2024 азы 1 январы та сæ нымæц уыд 54 адæймаджы). Адонæй æппæтæй фылдæр – 24 адæймаджы (80,0%) – æрбацыдысты Гуырдзыстонæй.
Адæмы царды æмвæзад æмæ се ’фтиæгтæ
2024 азы, æндæразимæ абаргæйæ, адæмы æхцайы æцæг æфтиæгтæ (фæлхасадон æргъты рæзт нымайгæйæ, æнæмæнг фидинаг фиддонтæ аппарыны фæстæ) рауадысты 100,0 %.
Фарон мæймæ иу адæймагмæ хауæг æхцайы æфтиæгты бæрц рауад 39992,0 сомы.
2024 азы адæмы æхцайы хуымæтæджы æфтиæгты бæрц рауад 325796,0 милуан сомы, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 13,2 % фылдæр, адæмы æхцайы хæрдзты бæрц та уыд 301552,5 милуан сомы, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 22,0 % фылдæр. Æхцайы æфтиæгтæ рауадысты хæрдз-тæй 24243,5 милуан сомы фылдæр.
2024 азы адæм æхцайы æфтиæгты иумæйаг бæрцæй товартæ æмæ лæггæдтæ æлхæныныл бахардз кодтой 82,6 %, æнæмæнг фидинаг фиддонтыл – 9,6%, бындурон исбон æлхæныныл та – 2,8%.
Фарон республикæйы æппæт куыстуæттæ æмæ кусæндæтты нымад рæстæмбис мызды (материалон æххуыс æмæ социалон фиддонтæ нæ нымайгæйæ) бæрц, æндæразимæ абаргæйæ, рауад 15,4 % фылдæр.
Фæлхасадон æргъты рæзт нымайгæйæ, 2024 азы, æндæразимæ абаргæйæ, æцæг мызды бæрц рауад 106,1 %.
Транспорт
Уæзæгтæ æмæ бæлццæтты ласын. 2024 азы экономикон архайды æппæт хуызты кусæндæтты автомобилон транспорт аласта 313,3 мин тоннæйы уæзæгтæ, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 7,7% фылдæр. Уыцы рæстæгмæ уæзæгты зилдух 26,4% фæкъаддæр.
2024 азы куыстуæтты æмæ физикон иуæгты автомобилон транспорт аласта 27,4 милуан бæлццоны, ома, æндæразимæ абаргæйæ, 6,2% фылдæр, амынд рæстæгмæ бæлццæтты зилдухы бæрц 3,4% фæфылдæр.
Æргътæ
Æндæразы декабримæ абаргæйæ, 2024 азы декабры республикæйы фæлхасадон базары æргътыл бафтыд 9,7% (Уæрæсейы – 9,5%), уыимæ, хойраджы товарты æргътыл – 12,9% (Уæрæсейы – 11,1%), промышленнон товарты æргътыл — 5,4% (Уæрæсейы – 6,1%), лæггæдты æргътыл – 9,9% (Уæрæсейы – 11,5%).
Промышленнон товаруадзджыты æргъты индекс рауад 110,7 %, уыимæ, пайдайаг къахинæгты амалкæнынады — 121,6%, хомагкусæг куыстуæтты – 110,3%, электрон тыхæй, газ æмæ доны тæфæй æфсисады, уæлдæф сыгъдæгкæнынады – 109,9%.
Хъæууонхæдзарадон продукциуадзджыты æргъты индекс рауад 124,5%, уыимæ, зайæгойты продукци фæзынаргъ 25,3%, фосдарынады продукци та – 10,4%.
Инвестицион нысаниуæджы продукцийы (хæрдзтæ, лæггæдтæ) æргъты иумæйаг индекс рауад 106,2%, уыимæ, арæзтадон продукциуадзджыты æргъты индекс – 105,5%, машинæтæ æмæ инвестицион нысаниуæджы ифтонггæрзтæ æлхæныны æргъты индекс – 109,2%, инвестицион нысаниуæджы æндæр продукцийы
(хæрдзтæ, лæггæдтæ) æргъты индекс та – 104,9%.
2024 азы декабры кæрон цæрынæн хъæугæ хойраджы продуктты æппæтæй къаддæр бæрцы аргъ, мæймæ нымайгæйæ, рауад 6545,66 сомы, æмæ йыл, ноябры кæронимæ абаргæйæ, бафтыд 1,8%, афæдзы райда-йæнæй фæстæмæ та – 19,9%.
Промышленнон куыстад
2024 азы пайдайаг къахинæгтæ амал кæныны æппæт кусæндæтты хи уагъд æвгæд товарты, стæй хи хъарутæй æххæстгонд куыстытæ æмæ лæггæдты бæрц рауад 2156,6 мил-уан сомы (архайæг æргътæй нымайгæйæ), ома, 2023 азимæ абаргæйæ, 117,1%, хомаджы куыстады – 35537,1 милуан сомы (105,4%), электрон тыхæй, газ æмæ доны тæфæй æфсадæг, уæлдæф сыгъдæг кæныны куыстадты – 19359,1 милуан сомы (105,3%), донæй ифтонгады, дон иуварс уадзыны, æппарæццæгтæ æмбырд кæнын æмæ сæ æфснайыны кусæндæтты, чъизи-дзинæдтæ иуварс кæныны архайды та – 3306,9 милуан сомы (118,5%).
2024 азы, 2023 азимæ абаргæйæ, æппæт кусæндæтты промышленнон куыстады индекс рауад 99,9%.
Чъырдур æмæ æнæрзæт арæзтадон æрмæджыты рауагъд кæй фæкъаддæр, уый фæрцы пайдайаг къахинæгты амалкæнынады индекс рауад 97,9%.
Æндæразимæ абаргæйæ, фарон къалбас – 13,9% æхсыр – 29,9%, цыхтытæ – 15,2%, къæдор – 44,3%, туаг æхсырæй конд хойраг – 39,7%, сæлдæджытæ – 19,6%, дзултæ æмæ гуылтæ – 6,1%, адджинæгтæ – 19,5%, водкæ – 55,9%, сырсыраг æмæ шампайнаг сæнтæ – 56,1%, бæгæны – 50,1%, суæрттæ – 12,5%, хуыссæнгæрзтæ – 38,3 хатты, æнæуафт æрмæджытæ – 5,9%, асыччытæ æмæ хъæбæр гæххæттæй конд къоппытæ – 18,4%, гæххæттæй, кæнæ хъæбæр гæххæттæй ярлыктæ æмæ этикеткæтæ – 7,3%, полимерон пленкæтæ – 3,9%, асфальт-бетонæй змæстытæ – 4,9%, радиолокацион, радионавигацион аппаратурæ æмæ дæрддзæгмæ уынаффæйады радиоаппаратурæ та – 73,8% фылдæр кæй рауагъдæуыд, уый фæрцы хомагкусæг куыстады индекс рауад 104,7%.
Мæргъты дзидза рауагъдæуыд 3,0 хатты, дзидзайæ конд хойраг – 7,2%, спъирт – 9,6%, уæнгроггæнæн нозт – 4,3%, уафæн æрмæджытæй нæлгоймæгтæн, кæнæ лæппутæн костюмты комплекттæ – 2,6%, уафæн æрмæджытæй сылгоймæгтæн, кæнæ чызджытæн къабатæ – 25%, уафæн æрмæджытæй нæлгоймæгтæн, кæнæ лæппутæн хæлæфтæ – 17,2% сæрмагонд уæлæдарæс – 4,2%, бæрцуæттæ – 18,1%, агуыридуртæ – 7,8%, блоктæ æмæ æндæр æмбырдгæнæн арæзтадон дзаумæттæ – 7,3%, товарон бетон – 2,4%, æндæр æрдæгуадзæн прибортæ – 4,8%, стъолтæ – 2,0 хатты, бандæттæ та – 41,2% къаддæр.
Электрон тыхæй, газ æмæ доны тæфæй æфсисад, уæлдæф сыгъдæг кæнын. 2024 азы январыдекабры, 2023 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, куыстады индекс рауад 98,3%. Электрон тых рауагъдæуыд 0,8% фылдæр, хъармы тых та – 16,9% къаддæр.
Донæй ифтонгад; дон иуварс уадзын, æппарæццæгтæ æмбырд кæнын æмæ сæ æфснайын, чъизидзинæдтæ иуварс кæныны фæдыл архайд. 2024 азы, æндæразимæ абаргæйæ, куыстады индекс рауад 91,2%.
“Цæгат Кавказстат”-ы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы
управлени