РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барис Хицауады уæнгтæн цы æмбырд сарæзта, уым бæстон ныхас рауад нысанмæарæзт паддзахадон программæтæ æмæ фыццаградон национ проектты уагæвæрдтæ æххæст кæныныл.
Республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министр Бетанты Марат йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй амынд программæтæ æмæ проектты фæлгæты 2025 азы архайд адарддæр 300 объектæй фылдæры арæзтад æмæ бындурон цалцæгыл. Æппæт уыцы куыстытæ баст сты социалон инфраструктурæйы дарддæры нывыладимæ – æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, культурæйы, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ иннæ къабæзты объектты арæзтад æмæ цалцæгимæ.
– Паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæм хаст объекттæн сæ фылдæры хайы фæдыл арæзтадон æмæ цалцæггæнæн бадзырдтæ фидаргонд æрцыдысты (уыимæ, кæцыдæр объекттыл нысангонд куыстытæ ныридæгæн райдыдтой). Иннæ объект-ты фæдыл бадзырдтæ дæр хæстæгдæр рæстæг бафысдзыстæм, – загъта министр.
Уыцы архайдæн хорз аргъ скæнгæйæ, Дзанайты Барис профилон ведомствæтæ æмæ муниципалитетты разамонджытæн бацамыдта, цæмæй нысангонд куыстытæ æххæст кæныны графиктæм уа бæстон цæстдард.
Дарддæр Бетанты Марат куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ куыст цæуы, 2026-2028 азты пълантæм цы объектты арæзтад æмæ цалцæг бахæссын хъæуы, уыдоны номхыгъд сбæлвырд кæныныл дæр. Афтæ, профилон федералон ведомствæтæм æркæсын æмæ сфидар кæнынмæ æрвыст æрцыдысты 200 алыхуызон ахсджиаг объекты рацарæзты фæдыл бюджетон курдиæттæ (сæ иумæйаг аргъ у 50 миллиард сомæй фылдæр).
– Федералон ведомствæтæм æмбæлгæ бюджетон курдиæттæ бадæттыны
куысты къуылымпытæ æппындæр хъуамæ ма уа – ахæм нысан Хицауады уæнгты размæ æвæры республикæйы Сæргълæу-уæг. Аразинаг æмæ цалцæггæнинаг объектты фылдæр хай ныридæгæн бæлвырд у. Уыимæ, уыдоны номхыгъдыл æрæджы ныхас рауад Сергей Меняйло æмæ Уæрæсейы премьер-министр Михаил Мишустины сæрмагонд фембæлды дæр. Ныр сæйрагдæр у æппæт нысангонд архайд афойнадыл баххæст кæнын, – æмбырды кæронбæттæны бафиппайдта Дзанайты Барис.
СЛАНТЫ Аслан