Хъæбатырдзинады урок

0
69

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы кадæн Алагиры 3-æм скъолайы 2 «в» къласы ахуырдзаутæ сæ къласы разамонæг Гæлæуты Маринæ æмæ ахуыргæнæндоны директоры уынаффæгæнæг Гуыссауты Альбинæйы разамындæй бацæттæ кодтой хъæбатырдзинады урок «Уæлахиз зæрдыл дарæм».

Дзыллон мадзалы арха-йынмæ æрбахуыдтой районы мидхъуыддæгты хайады кусджыты: пъæлицæйы капитан Хуытъинаты Батрадзы, пъæлицæйы хистæр лейтенант Дзапарты Дмитрийы, пъæлицæйы кæстæр лейтенант Кæсæбиты Тамарæ æмæ инспектор Бæззаты Миланæйы. Сæрмагонд æфсæддон операцийы арха-йæг, амынд хайады кусæг, пъæлицæйы кæстæр сержант Икъоты Георги  уыд скъолайы каддын уазæг.

Скъоладзаутæ хæсты тыххæй æмдзæвгæтæ аивæй бакастысты, стæй хæсты заман советон адæмы æвдыст хъæбатырдзинады тыххæй зарджытæ акодтой. Рæзгæ фæлтæр хæсты тыххæй хабæрттæ базонынц ветеранты мысинæгтæй, кинонывтæ æмæ чингуытæй. Не ’хсæн къаддæрæй-къаддæр кæй кæны сæ нымæц, дзыллæтæ сæ зæрдыл дарынц хæсты уыцы архайджыты мысинæгтæ. Æфсæддон фæлыст кæуыл уыд, уыцы кæстæркъласонтæ хæсты заманы зарджытæ зæрдиагæй азарыдысты. Ахуырдзаутæ æнæлазæй ацæуæг дзыллон мадзалмæ сæхи биноныг цæмæй бацæттæ кæной, уый тыххæй сын стыр æххуыс бакодтой педагогтæ æмæ ныййарджытæ.

Хъæбатырдзинады урок ацыд æргом ныхасы уагæй. Ахуырдзаутæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Икъоты Георгимæ амынд операцийы алыхуызон æууæлты тыххæй фарстытæ лæвæрдтой. Георги скъоладзаутæн æнæхин дзуаппытæ ратта.

Номарæн фембæлды рæстæг Дзапарты Дмитри йæ фыдыфыд, Фыдыбæс-тæйы Стыр хæсты архайæг, Дзапарты Барисы фырт Дмитрийы тыххæй мысинæгтæ радзырдта.
Хæсты ветеран æртын азæй фылдæры дæргъы баслужбæ кодта æфсæнвæндагон милицæйы, цалдæр хатты йын раттой ведомствæйы хæрзиуджытæ. Фыдыфыды намысджын цардвæндаг фæзмгæйæ, кæстæр Дмитри дæр равзæрста барадхъахъхъæнæджы дæсныйад. Уымæй уæлдай, ахуырдзауты зонын-дзинæдтæ бæлвырд кæнгæйæ, Дзапары-фырт сæм хæсты сæйраг цауты тыххæй фарстытæ ратта.

Къласы разамонæг Гæлæуты Маринæйы ныхасмæ гæсгæ, ахуырдзаутæм сæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ цæмæй æвзæрой, педагогтæ се ’рвылбононы куысты фæрцы уымæн ахъаз кæнынц. Хъæбатырдзинады урокы руаджы скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ стыр зындзинæдтæ бавзарæг ветерантæн кад кæнынц.

Гæззаты Зæринæ,
Мидхъуыддæгты
министрады
Алагиры районы
хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here