Зындгонд политик æмæ æхсæнадон архайæг

0
44

Зындгонд уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг политик æмæ æхсæнадон архайæг ЧЕХОЙТЫ Анатоли-йыл сæххæст 75 азы. Уыцы юбилейы кадæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уыд цæлхæмбырд «Чехойты Анатоли. Политик, гражданин, адæймаг». 

Фембæлды райдайæны равдыстой документалон киноныв СЦКП-йы Хуссар
Ирыстоны облæстон комитеты раздæры фыццаг нымæрдар, Уæрæсейы Федерацийы дыккаг æмæ æртыккаг равзæрст Паддзахадон Думæйы депутат Чехойты Анатолийы цардвæндаджы тыххæй. Уый фæстæ та æмбырды архайджыты размæ рахастой чиныг «Анатолий Чехоев: ответственность за судьбу страны».

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим йæ раныхасы цыбырæй æрлæууыд Чехойы-фырты цард æмæ æхсæнадон архайды хабæрттыл, стæй арфæ ракодта юбиляры тыххæй чиныджы редактор æмæ автор – Хуссар Ирыстоны
сгуыхт журналист Харебаты Батрадзæн.

Хуссар Ирыстоны Президенты уынаффæгæнæг Кочиты Константин æмбырды архайджытæн арфæ ракодта республикæйы Президент Гаглойты Аланы номæй æмæ фæбæрæг кодта, Чехойты Анатоли уæрæсе-йаг паддзахаддзинад æмæ парламентаризмы рæзтмæ ахадгæ бавæрæн кæй бахаста, уый. «Чехойы-фырт уыд, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны нырыккон историйы зынгæ бынат чи бацахста, уыцы бирæ цауты зæрдиаг архайæг», – бафиппайдта Президенты уынаффæгæнæг.

Республикæйы Парламенты разамынд æмæ депутатты номæй æмбырды раныхас кодта хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг
Сиукъаты Алымбег. «Æрыгон политиктæ æмæ æхсæнадон архайджытæн цæвиттон хъуамæ уа, Хуссар Ирыстоны интересты сæраппонд зæрдиагæй чи куыста, æппæты уæззау-дæр рæстæджыты рес-публикæйы хъомыс æмæ дарддæры райрæзтыл чи
сагъæс кодта, нæ адæмы уыцы минæвæртты цардвæндаг. Ахæм адæймæгтæй иу, æнæмæнг, у Чехойты Анатоли», – загъта Парламенты минæвар.

Юбиляры номыл ма арфæйы ныхæстæ загътой Уæрæсейы Федерацийы Минæварады уынаффæгæнæг Игорь Терзиян, Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты проректортæ Лолаты Дианæ æмæ Нинæ Орлова, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты философи æмæ политологийы кафедрæйы доцент, политикон наукæты кандидат Биазырты Артур, Хуссар Ирыстоны зонадон-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт æмæ æмбырды иннæ архайджытæ.

Юбиляр видеобастдзинады фæрцы цæлхæмбырды архайджытæн бузныг загъта, йæ æхсæнадон куыстæн ын стыр аргъ кæй скодтой, уый тыххæй.

БИАЗЫРТЫ Мæдинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here