Музейы хæзнадонæй

0
58

Дзæуджыхъæуы кадджын уавæры бындурон цалцæджы фæстæ байгом Иры номдзыд поэт Хетæгкаты Къостайы номыл литературон музей. Фыццаг хатт йæ дуæрттæ байгом кодта 86 азы размæ, Къостайы райгуырды 80 азы юбилей куы бæрæг кодтой, уæд.

Фыццаджыдæр, йæ нысан уыдис Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадимæ баст æрмæджытæ, къухфыстытæ, къамтæ æмбырд æмæ бæстон кæнын. Музейы разамынд æмæ кусджытæ æрмæст Къостайы сфæлдыстад бæстон кæныныл нæ кусынц, фæлæ ма сæ размæ æвæрынц ирон литературæйы алы фæлтæрты зæрингуырдты, драматургты, публицистты цард æмæ сфæлдыстадимæ баст бынтæ – сæ къухфыстытæ, къамтæ, хи дзаумæттæ æмбырд кæнын æмæ хъахъхъæнын.

Музей фыццаг байгом ирон аргъуаны. Уый фæстæ йын раттой Цæгат Ирыстоны бæстæзонæн музейы историон хайады бæстыхай.

Ныртæккæ музейы равдыстыты залты фенæн ис ирон адæмон сфæлдыстады хæзнатæ, зæгъæм, Нарты кадджыты чингуытæ алы азты рауагъды, кадæггæнджыты адæмон инструменттæ, уыдонимæ дисы æфтауынц Цопанаты Арсæмæг æмæ Томайты Мысырбийы хъисын фæндыртæ, Мамсыраты Дæбе æмæ Токаты Асæхмæты кусæн стъолтæ. Цымыдис куыд нæ сты, революцийы размæ Ирыстон æмæ Фæскавказы респуб-ликæты цы ирон газеттæ æмæ журналтæ цыдис, уыдоны фыццаг номыртæ. Музейы æвæрæнты æфснайд сты 20 минæй фылдæр экспонаттæ, сæ бахъахъхъæнынæн ис æмбæлгæ уавæртæ. Музейы сæйраг экспозици ахсы æртæ райдзаст залы.

Кадджын мадзал бабæрæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

– Æхсызгонæй арфæ кæнын бæрæгбоны фæдыл æппæт ирон адæмæн. Ирон æвзаджы  хъæздыгдзинад бахъахъхъæнын у не ’ппæты хæс. Цæгат Кавказы регионты ’хсæн æрмæстдæр ирон æвзагæн ис «Яндекс.Тæлмацгæнæг». Уый у рæстæджы домæн, æмæ йемæ æмдзу кæнын хъæуы. Цæмæй æвзаг æнцонвадат суа  дзыллæтæн,
ахуыр кæнын æмæ дзы æрвылбон пайда кæнын кæй фæнды, уыдонæн, уый тыххæй хъуамæ иронау «сдзурой» «Яндекс.Навигатор» æмæ «Зондджын колонкæ».Дард æнæзонгæ фæндагыл цæугæйæ дын навигатор сыгъдæг иронау амон-дзæн, кæм хъæуы базилын, уый. Араздзыстæм æппæт мадзæлттæ дæр, цæмæй бахъахъхъæнæм не ’взаг, нæ культурæ, аивад, Ирыстон цæмæй стæм, уыцы хæзнатæ, – загъта Сергей Меняйло.

Фæстæдæр республикæйы Сæргълæууæг Цæгат Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хозиты Барис, Национ музейы генералон директор Цуциты Аслан  æмæ иннæ бæрнон кусджытимæ æрзылд уæрæх æмæ райдзаст залтыл. Æрмæ-джытимæ сæ зонгæ кодтой музейы зонадон кусджытæ Цыхуырбаты Сергей, Æлборты Азæ æмæ Гасанты Валери.

Æхсызгон у, Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музей кæй байгом кодта ногæй йæ дуæрттæ. Циндзинад æрхас-та канд музейон кусджытæн нæ, фæлæ, ирон дзырд, аивад, культурæ, фыдæлты удварны æнусон хæзнатæн аргъ чи кæны, уыцы адæмы алы фæлтæртæн.

Бæрæгбон сфидыдта Цæгат Ирыстоны филармонийы адæмон инструментты оркестр «Ирыстон»-ы музыкантты аив цагъдæй.

Гугкаты Жаннæ,
къамтæ систа Татьянæ ШЕХОДАНОВА

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here