Алкæмæндæр, æвæццæгæн, царды йæхи къахвæндæгтæ ис, йæхи хъысмæт. Уый кæмæдæрты мидбылты бахуды, фæхайджын сæ кæны йæ бирæ хорзæхтæй, кæйдæрты та зын фæлварæнты баппары.
Уымæн ирд æвдисæн у Гæзæуты Тазреты чызг Раяйы цардвæндаг дæр. Райгуырди 1936 азы Дыгургомы Дзинагъайы хъæуы хуымæтæг зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Раяйыл æхсæз азы куы сæххæст, уæд йæ фыд Тазрет ацыди Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Цалдæр мæйы фæстæ бинонтæм сыхъуыст сау хабар – сæ фыд фæмард æгъатыр знагимæ карз тохы. Рая, йæ хо Мария æмæ æфсымæр Флеран баззадысты сæ мад Сафиаты æвджид. Ныййарæг, йæ кадавар гæнæнтæ æмæ хъарутæ куыд уыдысты, афтæ хаста, хъомыл кодта йæ хъæбулты, цæмæй байрæзой, сæ къæхтыл фидар слæууой, ма фæцудой царды гуыргъахъ фæндæгтыл. Фæлæ Сафиатæн дæр хъысмæт бирæ рæстæг нал ратта йæ арфæйаг нысантæ царды сæххæст кæнынæн. Фæрынчын карз низæй, æмæ æнахъом сабитæ бынтон сидзæрæй аззадысты.
Сæ фыдымад Сæлимæт сæ йæхимæ æрбангом кодта æмæ сæ дарддæр хъомыл кæныны стыр хæс йæхимæ райста.
Сывæллæтты хистæр Рая иудадзыг дæр мысыд мады, бирæ хæттыты-иу, хæдзары бинонтæ изæрæй куы бахуыссыдысты, уæд сусæгæй фестад, ацыди-иу уæлмæрдмæ æмæ, йæ мады ингæныл ныддæлгоммæ уæвгæйæ, йæ цæссыгтæй йæхи æхсадта. Иуахæмы йæ уым сæумæрайсом федта сыхæгтæй чидæр, систа йæ æмæ йæ йæ хъæбысы сæ хæдзармæ бахаста.
Рая раджы фæцахуыр алыхуызон хъæуккаг куыстытыл – æфснайыныл, кæрдзын кæныныл, цæхæрадоны кусыныл, фосмæ зилыныл. Алцæмæдæр арæхсти, алы хъуыддаджы дæр уыд сæрæн. Бинонтæ алы мадзæлттæ кодтой. Сæ цæхæрадоны цы картоф зад, уый ивтой ссад кæнæ æндæр хæлцыл. Алы-хуызон цауты-иу бахаудта Рая. Иуахæмы хæрæгыл абадт æмæ цыдæр хъуыддаджы фæдыл араст Стыр Дыгурмæ. Уыдис зымæг, чызгæн та йæ къæхтыл – æрмæст тæнæг цъындатæ æмæ хуымæтæг дзабыртæ. Йе ’мбæлццонтæй галтыл чи цыдис, уыдон ын авæрдтой цыбыр рæстæгмæ сæ хуыздæр къахыдарæс æмæ цъындатæ, цæмæй ма фæрынчын уыдаид. Фæндаг уыдис тынг бырынцъаг, æмæ иу фæзилæны хæрæджы къæхтæ фæбырыдысты æмæ, сæрбихъуырæйттæ кæнгæйæ, ададжы былгæронæй дæлæмæ асхъиудта, йæ фæстæ та – Рая дæр. Хорз, æмæ адаг арф нæ уыд, сластой сæ фæстæмæ уæлбылмæ, фæлæ чызг тынг фæрысти, уыцы цæфтæй ностæ ма абоны онг дæр йæ буарыл баззадысты.
Рæстæг цыди, сидзæр сывæллæттæ, сæ уарзон ныййарджыты мысгæйæ, рæзыдысты, уæдæ цы уыдаид. Цал æмæ цал хатты срысти йæ гыццыл зæрдæ æмæ æрызгъордтой йæ цæссыгтæ Раяйæн, йæхи ныхæстæм гæсгæ, искæй сывæллоны мад кæнæ фыдимæ фенгæйæ… «Цæмæн нæ афтæ тынг бафхæрдта цымæ цард?» – уыцы хъуыды нæ цух кодта йæ сæрæй.
Раяйыл нудæс азы куы сæххæст, уæд та йæ цардæй ахицæн сидзæртæн сæ фæстаг ныфс æмæ фæхæцæг – фыдымад Сæлимæт дæр. Йæ хо æмæ æфсымæры дарддæры цардыл мæт æмæ сагъæс æрæнцадысты æвзонг чызджы уæхсчытыл.
Цалдæр азы фæстæ Раяйы йæхицæн царды ’мбалæн бацагуырдта къорайаг лæппу Гогуниты Мухарбег. Æрыгон бинонтæн сæ размæ уыд бирæ лыггæнинаг фарстатæ, ахæм рæстæг куыд вæййы, афтæ, фæлæ сæ ныфс нæ састи, тырныдтой хуыздæр сомбонмæ. Хæдзары фæзындис сывæллæттæ дæр, ныййарджыты зæрдæ рухс кодта сæ уындæй. Фæлæ уыцы азты арæх уыд рæуджыты низ, дохтырты гæнæнтæ та абоны хуызæн нæ уыдысты. Уыцы низ фæзынди Мухарбегмæ дæр. Фæлтæрдджын дохтыртæ сын бауынаффæ кодтой – лæгæн æнæмæнг климæт баивын хъæуы, Сыбырмæ ацæугæйæ.
Ацыдысты Сыбырмæ Гогуниты бинонтæ. Æмæ, æцæгæйдæр, ног бынат фæбæззыди Мухарбегæн, йæхиуыл фæхæцыди, кусын дæр райдыдта. Рая иунæг бон дæр æгуыстæй нæ бадти, уыимæ та ма кæсын хъуыди сæ фондз сывæллонмæ. Стыр ныфсытæ уыд мадмæ, ныр цард йæ гаччы сбаддзæн, алцыдæр уыдзæн хорз, зæгъгæ, фæлæ та бирæ азты фæстæ Мухарбег йæ рæуджытæй тыхсын райдыдта, нал сдзæбæх æмæ йæ цардæй ахицæн.
Цы гæнæн уыд зæрдæрыст æмæ алы зындзинæдтæй фæллад Раяйæн, иунæгæй архайдта сæ фондз сывæллоны сæ къæхтыл сæвæрыныл, æмæ йын уыцы арфæйаг хæс сæххæст кæнын бантыст. Артур, Светланæ, Валодя, Нинæ æмæ Сергей бахъомыл сты, ахуырад райстой, кусынц æнтыстджынæй адæмон хæдзарады алы къабæзты, бæрзонд хæссынц сæ мыггаджы, уарзон ныййарджыты кад æмæ ном. Рая уæлдай арфæйаг у йæ чындз Текъойты Маринæйæ. Тынг æнувыд у йе ‘фсиныл, хъуаг æй ницæмæй уадзы, узæлы йыл хи чызгау.
Гæзæуты чызгæн кæд бирæ зынтæ федта, кæд бирæ хъæдгæмттæ баззад йæ рыст зæрдæйы, уæддæр ын йæ цоты, уыдоны цоты хорздзинæдтæ удæнцой лæвæрдтой, иуцасдæр дзы айрох сты йæ раздæры зынтæ.
Раяйæн та хъысмæт ногæй бавзарын кодта æнæкæрон зын фæлварæн – Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ, йе ’рыгон цард аскъуыд йæ лæппу Артуры фырт Хъазыбегæн. Уыцы æвирхъау хабар Раяйæн ферох кæнын кодта йæ раздæры зынтæ дæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй цæргæбонты дугъы фæуади, рæстуд, рæстзæрдæйæ фыдæбон кодта, никуы никæй тæригъæды бацыд, йæ сабитæ адæмы хуыздæрты рæнхъыты рауадзыныл архайдта, сæ рæсугъд сомбонæн ницы æвгъау кодта. Аккаг аргъгонд ын æрцыд паддзахады ’рдыгæй дæр – райста «Мады майдан».
Тынг зын у махæн, журналисттæн, ахæм уæззау хабæртты тыххæй фыссын. Зæрдæ, мыййаг, дур куы нæ у. Раяйæн нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй йæм йæ кæстæртæй, æрмæстдæр æхсызгон хабæрттæ хъуыса амæй фæстæмæ. Хуыцау ын ахæм хорздзинад саккаг кæнæд…
Туккаты Изаурæ