Махæй алчидæр сабидугæй рацыд. Уыцы рæстæджы æнкъарæнтæй бирæтæ баззайынц нæ зæры бонмæ немæ. Адæймаджы ахаст цæрæгойтæм бæрæг вæййы, Дзæуджыхъæуы сырддонмæ стырæй-чысылæй чи ‘рбацæуы, уыдонмæ кæсгæйæ.
Сæрды ралæуды агъоммæ сырддоны цæрджытыл бафтыд. Чысыл маймулийы райгуырдыл мæй æмæ ‘рдæг цæуы, æмæ ныридæгæн йæ мадæй атонын нæ комы. Йæ хъæбысы йын хъарм æмæ æдас у. Cырддонмæ ‘рбацæуджытæ сæ рæстæг фылдæр ацы вольеры раз æрвитынц, ноггуырдыл цингæнгæйæ, ныййарджытæ æмæ маймулиты къорды уæнгтæ сæхи куыд дарынц, уымæ лæмбынæг кæсгæйæ. Сабитæн уый æцæг бæрæгбонау вæййы, сæ цинæйдзаг хъæлæстæ азæлынц сырддоныл, кæс-ма, кæс, куыд та акодта, зæгъгæ. Маймулитæ дæр кæсджыты цæстмæ сцырын вæййынц вольеры, сæхиуыл нал фæауæрдынц, разæнгард кæнынц, чи сæм фæкæсы, уыдоны ахаст сырдты ацы хуызмæ. Дзæвгар рæстæг сæ митæм лæмбынæг цы адæймаг фæкæсы, уый рахаты, алы сырд æмæ цæрæгойæн дæр йæхи характер кæй ис. Æнкъарынц ахаст, дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, хорздзинад æгомыг фос дæр æмбары, зæгъгæ. Сырддоны сæргълæууæг Белеккаты Асланæй базыдтам, йæ цæрджытæн хæринаг чи уары, уыдонмæ сæ ахаст æндæрхуызон кæй у. Хæринагласæн хæдтулгæйы дардмæ дæр куы ауынынц, уæд йе ‘рбацыдмæ æнцад фæлæууынц, сæ хъустæ схъил кæнынц æнхъæлмæ фæкæсынц сæ цæл кæныны рæстæджы ралæууынмæ.
Æндæр ахаст сæм фæзыны, сырддоны ветеринар куы фæзыны, уæд. Хорз æй зонынц, йе ‘рбацыдæй кæй ницы смæрздзысты. Раст сабитау сæхи фæдарынц, кæцæй æмбарынц, бынæттон дохтыр Айболитæй аразгæ кæй у се ‘нæниздзинады уавæр. Цæмæй йæ зонынц, прививкæтæ æнæмæнг кæнгæ кæй сты, науæд низ раса-
йынæн бирæ нæ хъæуы.
Сырддоны иннæ диссаг – чысыл сæныкк, дыууæ къуырийы цæуы йæ фæзындыл рухс дунемæ. Саусауид, дардæй дæр йæ ныхыл бæрæг дары урс стъæлф. Бакастæй – удæгас хъазæн. Йæ хъару нырма нæу иннæ сæныччытимæ хъыллиппæй кафын. Мæ бацыдмæ йæ мады фарсмæ хурмæ хуыссыд, куы федта, сæ къамтæ сын исын, уæд фæгæпп кодта йæ бынатæй æмæ мæм узгæ-узгæ хæстæг æрбацыд. Цыма мын салам лæвæрдта, уыйау бауасыд цъæхснаг хъæлæсæй æмæ йæ гыццыл сæры къоппа аныхынмæ ‘рбадардта. Цыфæнды дурзæрдæ адæймаджы зæрдæ дæр атайдзæн удгоймаджы ахæм ахæстæй.
Сыгъзæрин доны тылд тинтычъийы æнгæс фист кæмæн ис, уыцы чысыл якыл дæр нымадæй цыппар мæйы цæуы. Æхсæвæй-бонæй ис йæ хистæрты ‘вджид, чысыл гоцо дæр бирæ уарзы сæрдыгон хуры хъарммæ йæхи тавын, стæй, сырддонмæ чи ‘рбацæуы сæ фенынмæ æмæ цасдæр рæстæг цæрæгойты ‘хсæн арвитынмæ, уыдоны размæ цæуын. Уый фенгæйæ, сæ цинæн кæрон нал вæййы, алчи фæархайы йемæ дзурыныл, кæд рауайа, уæд ын йæ пыхцыл фист æрлæгъзытæ кæнын. Дæрдтыл уыдзæн нæ ныхас, сырддоны алы цæрæгойы тыххæй дæр куы дзурæм, уæд. Стæй, уырыссаг æмбисондау, авд хатты фехъусынæй иу хатт фенын хуыздæр у, цæмæй, æрмæджы автор цы æнкъарæнтимæ рацыд Дзæуджыхъæуы сырддонæй, уыдонæй хайджын уат сымах дæр!
ХУЫБИАТЫ Ларисæ,
авторы ист къамтæ