Йæ ном баззад районы азфысты

0
41

Кæддæр хистæртæй ахæм ныхас фехъуыстон: «Адæймаджы цард у скаст æмæ æркаст». Æвæццæгæн, уый раст у, уымæн æмæ лæджы фæндаг а дунейыл цыбыр у. Цæрынхъуагæй ацыд йе ‘цæг дунемæ хъахъхъæдуйраг хуымæтæг, фæллойуарзаг, æгъдауджын адæймаг Хæбæлаты Мулийы фырт Зауыр.

…Рауад афтæ, æмæ газет «Размæ»-йы редакцийы къамисæг-уацхæссæг цæмæдæр гæсгæ бирæ рæстæг нæ фæстиат кодта. Æвæццæгæн сæ куысты мыздæй разы нæ уыдысты. Ивгъуыд æнусы 70-æм азты астæу раттам хъусынгæнинаг газеты фæрстыл. Дыккаг бон мæ кусæнуаты дуар æрбахостæуыд æмæ æрбахызт ныллæджытæ, къæсхуыр, мæхи кары чи уыд, ахæм лæппулæг. Базонгæ стæм, радзырдта, йæ цыды сæр кæй у нæ хъусынгæнинаг, стæй къамисæнимæ рагæй хæлар кæй у, уый. Равдыста йæ алы азты ист къамтæ. Фæдзырдтон мæ хæдивæг Александр Мещеряков æмæ бæрнон нымæрдар Касаты Æмзормæ. Нæ зæрдæмæ фæцыдысты нæ уазæджы къамтæ æмæ йæ райстам куыстмæ мæйы æмгъуыдмæ фæлваргæйæ. Фæлæ дыууæ къуыримæ йæхи ахæм сæрæнæй равдыста, æмæ æвæстиатæй фæлварæн рæстæг ивд æрцыд.

Афтæ Хæбæлаты Зауыр ссис газет «Размæ»-йы редакцийы коллективы уæнг. Ацы куысты бафæстиат къорд азы, æмæ дзы канд журналисттæ нæ, фæлæ газеткæсджытæ дæр уыдысты разы. Махæн, редакцийы кусджытæн, нæ зæрдæтæ Зауырыл никуы ницæмæй фæхудтысты.

Нæртон лæг уыд Хæбæлайы-фырт, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд нæ фæрæди-дзынæн: зæрдæхæлар, рæдау, фæкæсынмæ — цæттæ, ныхасæй дæр никуы никæй бафхæрдтаид. Хъахъхъæдурæй Елхотмæ цыдис кусынмæ, æмæ йын партийы райкомы уæды фыццаг нымæрдар Хосонты Къостайы æххуысæй самал кодтам гæххæтт, кæцы бар лæвæрдта Дзæуджы-хъæуæй Елхотмæ æмæ фæстæмæ лæвар цæуынæн. Цæуын та йæ арæх хъуыдис — къамты клишетæ цæттæ кодтой æрмæст республикон типографийы.

Æрæгмæ базыдтам, Зауыр зæрдæнизæй уæззау рынчын кæй уыдис, уый. Аргæ та йæ скодта йæ райгуырæн хъæуы Карл Марксы номыл колхозы механизатор уæвгæйæ. Уæддæр йæ куыст нæ уагъта — хæдзары уыдис рынчын ныййарæг мад.

— Зауыр-иу редакцийы къæсæрæй æрбахызт, зæгъгæ, уæд-иу йæ хъæлдзæгдзинад алкæмæн дæр уыдис цины хос, — мысы редакцийы абоны кусджыты хистæр Тылаттаты Светланæ. — Афтæмæй та æнкъард уæвынæн уымæй фылдæр аххосæгтæ никæмæ уыд — иууылдæр зыдтам йæ карз низы хабар. Фæлæ-иу уæддæр кусæн уæттыл æрзилгæйæ ссардта алкæмæн дæр, уæлдайдæр сылгоймæгтæн, зæрдæлхæнæн æмæ зæрдæрухсгæнæн ныхæстæ. Йæ куыст æнгомдæр баст уыдис хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæг Гуырцъыты Катяимæ
(дыууæйæ дæр рухс дзæнæты бадæнт), уымæн æмæ нæ районы экономикæйы аграрон къабаз ахста зынгæ бынат.

Цыбыр рæстæгмæ Зауыр хæстæг базонгæ районы æппæт хæдзарæдты,
куыстуæтты, кусæндæтты æмæ уагдæтты коллективтимæ, фæзынд ын бирæ хæлæрттæ, ног æмгæрттæ. Уый æххуысæй дзæвгар фæллойгæнджытæ систы журналисттæн сæ очеркты æмæ репортажты хъайтартæ. Сæ къамтæй та-иу хорз сфидыдта газет.

Уæлдæр ма йæ куы загътам: Зауырæн йе ‘нæниздзинад уыдис æвзæр. Уымæ гæсгæ йын афæдз дыууæ хатты амал кодтам балцæг (путевкæ) санаторитæм. Ам нын редакцийы профцæдисы комитетимæ стыр ахъаз уыдысты Хосонты Къоста æмæ Карл Марксы номыл колхозы сæрдар Брциаты Георги (Гоги). Тынг бузныг уыд Зауыр сæ хъæуы хæдзарады разамонæгæй — йæ чысыл баулæфтæн дæр-иу ын йæ къух сарæзта.

Ивгъуыд æнусы 80-æм азты райдайæны ацы рæнхъытæ фыссæг æндæр куыстмæ куы ацыд, уæд Хæбæлайы-фыртæн балцæг агурæг нал уыд. Бæргæ тох кодта карз низимæ, фæлæ, хъыгагæн, æруатон. Йæ бонтæ æрвыста дохтырты
æххуысæй. Æцæг, йæ бинонтæ куыд дзырдтой, афтæмæй-иу йæ цæстытæ
ныуурс сты постхæссæгмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Йæ уарзон газеттæ «Размæ»-йæ
фæстæмæ — «Рæстдзинад», «Социалистическая Осетия» æмæ «Æрыгон коммунист».
Фæстаг æртæ мыхуыры фæрæзимæ дæр ын уыдис бастдзинад йæ куысты рæстæг — сæ фæрстыл-иу арæх фæзындысты йæ ист къамтæ.

Дзæвгар рæстæг рацыд, Зауыр йе ‘цæг дунейы куы сæмбæлд, уæдæй. Фæлæ йæ сурæт, йæ фæлмæн мидбылхудт нæ хицæн кæнынц, чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæтæй. Бирæ уарзта адæмы, цард, фæлæ йыл хъысмæт гадзрахатæй рацыд.

 

КЪУБАЛТЫ Солтан,
газет «Размæ»-йы
раздæры редактор,
Цæгат Ирыстоны
Кадджын ветеран

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here