Æххуысхъуаг адæймаджы фарсмæ балæууын, истæмæй йын баххуыс кæнынмæ алчидæр цæттæ вæййы. Фæлæ уыцы куыст дæ царды дæсныйадæн равзар, – уый алкæй бон нæу. Уыдон та сты социалон службæйы кусджытæ. Æрвылаз июны дыккаг хуыцаубоны фæбæрæг кæнынц сæ профессион бæрæгбон.
Социалон кусæгæн йæ сæйраг хæс у, йæ царды уавæртæм гæсгæ фæкæсинаг чи у, ахæм адæмæн алывæрсыг æххуыс кæнын, закъонмæ гæсгæ сын цы бартæ лæвæрд ис, уыдон хъахъхъæнын æмæ уый фæрцы сæ социалон æмæ материалон уавæртæ хуыздæр кæнын. Бæлвырд æххуысæй уæлдай, карджын адæймаджы фæхъæуы ныхасæмбал, чи йæм байхъуса, ахæм.
Ацы, æмæ æндæр хъæугæ миниуджытæй æххæст фæлмæнзæрдæ адæмы фæ-
хуыдтой кадджын æмбырдмæ. Дзæуджыхъæуы Фæсивæды галуаны сæмбырд сты æппæт районты минæвæрттæ. Зæрдиаг арфæтæ сын ракодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
– Уæ куыст æнæмæнг-хъæугæ æмæ ахадгæ у. Фæлмæн ныхас, зæрдæйы лæггад бирæйы аргъ сты æмæ уын стыр бузныг. Алчидæр сымахæй у куысты иттæг дæсны. Карджын адæм, ветерантæ, инвалидтæ, рынчын сабитæ – алкæмæн дæр ссарут хъæугæ ныхæстæ, куыд психологтæ, афтæ, – загъта Сергей Меняйло.
Чидæр иунæгæй баззад, кæмæндæр йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ хъуамæ ракæна, йæ маст, йæ сагъæстæй фервæза, æмæ уæд йæ фарсмæ балæууы социалон службæйы кусæг.
– Алы регионы ахастдзинæдтæ алыхуызон сты. Фæлæ махæн, ирыстойнæгтæн, нæ фыдæлтæй баззад кæрæдзийæн æххуыс кæнын, – загъта республикæйы Сæргълæууæг æмæ фæнысан кодта, нæ бюджеты 80 проценты социалон къабазы рæзтæн кæй радих кодтой, æмæ афтæ уыдзæн кæддæриддæр.
Бирæ азты иузæрдион куысты тыххæй, «РЦИ-Аланийы адæмы социалон хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг»-ы ном лæвæрд æрцыд Айларты Эвелинæйæн (Дзæуджыхъæу), Бекмæрзты Ритæйæн (Æрæфы район), Гаглойты Маринæйæн (Горæтгæрон район), Джериаты Зæлинæйæн (Дзæуджыхъæу), Иринæ Клинчаевайæн (Мæздæджы район). Нæ республикæйы Сæргълæу-уæджы Кады грамотæтæ ма райстой Толасты Мзия, Тускъаты Жаннæ, Хамайты Земфирæ, Любовь Юдина.
Профессион бæрæгбоны фæдыл социалон къабазы æппæт кусджытæн арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдары хæдивæг Гутнаты Аслæнбег.
– Зæрдæбын арфæ уын кæнын уæ лæггады тыххæй. Хъыгагæн, фæкæсинаг, рынчын адæм не ’хсæн гыццыл нæй. Уыдонæн уæлдай æхсызгон вæййы паддзахадæй, хиуæттæй хъарм ныхас фехъусын, аудындзинад банкъарын. Сымах сын свæййут куыд дохтыртæ, хатгай та сæ Хуыцауы хæйттæ. Уæ фæрцы рæвдыдæй æрвитынц сæ царды бонтæ, – загъта Аслæнбег æмæ къорд адæймагæн саккаг кодта Парламенты Кады грамотæтæ.
Бæрæгбон сфидыдта нæ республикæйы зындгонд æмæ уарзон артистты аив зард æмæ кафтæй.
Гугкаты Жаннæ, къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова