Наркотикон фæрæз метадон ахæлиу кæнын чи бафæлвæрдта, Дзæуджы-хъæуы мидхъуыддæгты 3-æм хайады кусджытæ Краснодары крайæ нæм æрбацæуæг 32-аздзыд нæлгоймаджы баурæдтой.
Сусæгæй рад чи хаста, пъæлицæйы уыцы кусджытæ се ’ргом амынд нæлгоймагмæ аздæхтой. Урæд адæймагмæ баджигул кæнгæйæ, барадхъахъхъæнджытæ йæм ссардтой изолентæй конд уæлцъаримæ 15 тыхтоны (ацы тыхтæтты мидæг уыд урс буаргъæд). Уымæй уæлдай, баурæды бынатæй чысыл æддæдæр ран гуырысхойаг адæймаг кæй сарæзта, пъæлицæйы кусджытæ уыцы æртæ сусæг æвæрæны раргом кодтой.
Ахст нæлгоймаг рæстæгмæ кæм цард, ахæм æххуырст фатеры баджигул кæнгæйæ, барадхъахъхъæнджытæ дзы ссардтой ауæй кæнынæн цæттæ наркотикон фæрæзы
ноджыдæр ма æртын тыхтоны.
РЦИ-Аланийы
Мидхъуыддæгты
министрады
пресс-службæ