Ираны, горæт Бешахары уæгъдибар хъæбысхæстæй цыдысты дунеон турнир «Мартур Хашеминижад»-ы ерыстæ фæсивæды (21 азы онг) ’хсæн.
Архайдтой дзы иуæндæс бæстæйы богæлттæ, æмæ рауадысты тынг цымыдисаг. Ерысты йæ сæрæн архайдæй йæхимæ чи ’ркæсын кодта, уыдонæй уыдысты дыууæ ирон богалы.
61 кг онг уæзы иттæг хорз рауад тренер Мзокты Аланы хъомылгæнинаг Уаниты Давиды архайд. Давид фæуæлахиз æхсæз ныхмæлæууæгыл æмæ бацахста 1-аг бынат. Йæ сæрæн æмæ зæрдæмæдзæугæ архайдæн æвдисæн у, йæ ныхмæлæуджытыл, æмткæй райсгæйæ, 49:18 хыгъдæй кæй фæуæлахиз, уый.
Давиды бафæзмыдта Наниты Зурабы хъомылгæнинаг Санахъоты Родион дæр. Уый, 97 кг онг уæзы цæмæй 1-аг бынат бацахса, уый тыххæй бахъуыд фондз ныхмæлæууæгимæ фембæлын. Родион æнæкъуылымпыйæ рамбылдта йæ фондз ныхмæлæууæджы дæр æмæ ссис турниры уæлахиздзау.
Давид æмæ Родион сты, нæ таурæгъон богал Фадзайты Арсены хъæппæрисæй 1990 азты чи сырæзт, уыцы хъæбысхæсты клуб «Алантæ»-йы хъомылгæнинæгтæ, æмæ сын спортуарзджыты зæрдæ зæгъы, Арсенау, спорты æппæты стырдæр æмæ бæллиццагдæр бæрзæндтæм схизын.
Баскаты Уырызмæг