Уырыссаг æмæ Уæрæсейы цæрæг адæмты æвзæгтæн баххуысы паддзахадон политикæйы советы æмбырды нæ бæстæйы Президент Владимир Путин стыр æргом аздæхта æвзæгты рæзтмæ.
Йæ хатдзæгмæ гæсгæ, хъуамæ Уæрæсейы цæрджытæ æмхуызонæй бæрæг кæной Уæрæсейы адæмты æвзæгты бæрæгбон. Уыцы ахсджиаг бон бæрæг кæндзыстæм 8 сентябры, советон поэт Расул Гамзатовы райгуырæн бон.
«Кадæджы аккаг «Журавли»-йы авторæн уарзон уыдысты дыууæ æвзаджы – авайраг æмæ уырыссаг. Авайраг æвзагыл фыста, уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй та йæ уацмыстæ дунейы кады аккаг систы», – афтæ загъта Президент.
Уымæй уæлдай, бæстæйы разамонæг бахæс кодта, Уæрæсейы æвзæгты тыххæй закъон райсыны æмгъуыдтæ ма ныддæргъвæтин кæнын. Куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй «…ныхас цæуы æвзæгтæ бахъахъхъæнын æмæ сæ дарддæры рæзты тыххæй, уымæй уæлдай – хъуамæ фæбæрæг кæнæм, нæ бæстæйы æвзæгты иумæйаг тыгъдадæн паддзахады ‘рдыгæй цавæр æххуыс кæндзыстæм, уый», – загъта Президент Владимир Путин.