Министрадты æмæ ведомствæты радон æмбырд амыдта РЦИ-Аанийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ивгъуыд къуыри 2-8 июны, республикæйы цы
цаутæ æрцыд, уыдоны тыххæй разамонджытæ скодтой дзуапдæттæн докладтæ.
Фыццаджыдæр, æмбырды архайджытæн фехъусын кодтой оперативон уавæр. Æрцыдис 12 зынгсирвæзты, хъыгдард ничи баййæфта. Æнæнхъæлæджы уавæрты службæтæ кæддæриддæр цæттæ вæййынц æххуысмæ.
Ирыстоны фæндæгтыл æрцыд дæс фыдбылызы, 16 адæймаджы цæфтæй бахаудысты рынчындæттæм, дыууæ адæймаджы фæмард сты, Мæздæджы районы цы фæндаггон фыдбылыз æрцыд, уым.
Куыд фехъусын кодтой, афтæмæй, контролон-уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ыл Гуырдзыстоны ’рдæм ахызт 24 440 машинæйы, уыцы рæстæг электронон рады
лæууынц 205 машинæйы.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, хæстæгдæр рæс-
тæг, уарын, тыхджын дымгæтæ, æндæр æрдзон фыдбылызтæй тæссаг нæу.
Сергей Меняйло бафæдзæхста министрадтæн, районты администрацитæн, цæмæй интернеты сæрмагонд программæйы æххуысæй сæ цæст дарой, социалон хызæгты цы хъусынгæнинæгтæ, адæмы курдиæттæ æмæ æндæр фарстатæ ис, уыдонмæ. Ахæм бастдзинад æххуыс у уавæр рæвдздæр сраст кæнынæн.
Донуадзын æмæ донæфсисады республикон куыстуаты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, зымæгмæ цæттæгæнæн куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ, зæгъæн ис, сæ 39 проценты конд æрцыдысты. Аразынц донцъирæнтæ, цалцæг кæнынц хъармгæнæнтæ æппæт районты дæр. Уыимæ, «Водоканал»-ы специалистты бригад кусы Запорожьейы облæсты поселок Черниговкæйы.
Æмбырды архайджытæн Сергей Меняйло сæ зæрдыл æрлæууын кодта, амбрози дидинæг калын куы райдайа, уый аллергийæ рынчын адæмы æнæниздзинадыл кæй фæзындзæн.
– Фылдæр хъæстытæ цæуы Дзæуджыхъæуы, Рахизфарсы æмæ Мæздæджы районты цæрджытæй. Администрацитæн «Россельхознадзор»-имæ иумæ фæдзæхсын, кæм зайы ацы кæрдæг, уым æвæстиатæй ныккæрдын. Уæлдайдæр та, социалон объектты, скъолаты, рæвдауæндæтты цур. Уый тыххæй кусы оперативон штаб. Æнæкуыст зæххыты хицæуттæ закъонмæ гæсгæ хъуамæ иваргонд æрцæуой, – зæгъы республикæйы Сæргълæууæг.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй тагъд æххуысы телефонмæ æрбадзырдтой 3723 хатты, къуыримæ рынчындæттæм бахауд 803 адæймаджы. Дарддæр цæуы цæрджыты диспансеризаци, се ’нæниздзинадмæ æркастысты 25 мин адæймаджы бæрцæн.
Иумæйаг паддзахадон фæлварæнтæ скъолаты цæуынц æнæкъуылымпытæй, ацы бонты ма сывæллæттæ сæ зонындзинæдтæ сбæрæг кæндзысты информатикæ æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæй. Ацы фарста, стæй сæрдыгон фæлладуадзæн бонтæ куыд æрвитынц нæ кæстæртæ, уый тыххæй дзырдта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ.
Республикæйы Сæргълæууæг фæндон бахаста, цæмæй сывæллæттæ сæ рæстæг хъæлдзæг æмæ пайдаджынæй æрвитой, ууыл архайгæйæ, уыдон цæуой музейтæм, равдыстытæм, республикæйы зындгонд культурон объекттæ фенынмæ.
– Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæмæ цæуы бирæ уазджытæ, уæлдайдæр та – сæрды мæйты. Уымæ гæсгæ сидын районты сæргълæуджытæм, æркæсут фæлладуадзæн бынæтты, паркты, фæзты сыгъдæг æмæ аивдзинадмæ, – загъта республикæйы Сæргълæууæг
Æмбырды ма рæгъмæ рахастой æндæр ахсджиаг фарстатæ.
Цæгæраты Жаннæ














