Дунеон экономикон форумæй

0
91

Нæ газеткæсджытæ куыд зонынц, афтæмæй 18-21 июны Бетъырбухы йæ куыст кæны XXVIII-æм Дунеон экономикон форум. Уыцы æрвылазон дунеон равдысты архайы Цæгат Ирыстоны делегаци регионы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй.

Цæгат Ирыстоны делегацийы балц Бетъырбухмæ райдыдта Сыгъдæг Мады-Майрæмы аргъуаны раз фæзуатæй. Зындгонд куыд у, афтæмæй 2007 азы уым æвæрд æрцыд, Беслæны фыццæгæм скъолайы арæзт террористон фыд-ракæнды чи бабын, уыцы æнаххос адæмы номарæн цыртдзæвæн. Сергей Меняйло, РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, делегацийы иннæ уæнгтæ æмæ
Бетъырбухы ирон æхсæнады минæвæрттæ бабæрæг кодтой номарæн бынат, дидинджытæ сæвæрдтой
цыртдзæвæны раз…

Дунеон экономикон форумы цæгатирыстойнаг делегацийæн йæ куыст райдыдта егъау компанитæ æмæ бæстæйы иннæ регионты минæвæрттимæ фембæлдтытæй. Уымæй уæлдай, республикæйы минæвæрттæ суыдзысты алыхуызон тематикон сесситы архайæг дæр. Уыдоны сæйраг темæтæ сты чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады райрæзт, инвестицион проекттæ, креативон индустритæ, нырыккон технологитæ, дунеон экономикон æмгуыстад æмæ афтæ дарддæр.

Знон та уал Сергей Меняйлойæн фембæлд уыд компаниты къорд «Гранит»-ы генералон директор Андрей Евдокимовимæ.

Амынд куыстуат у, промышленнон æмæ граждайнаг арæзтады къабазы чи кусы, уыцы бетъырбухаг компанитæй иу. «Гранит» нымад у къабазы хъомысджындæр куыстуæтты номхыгъды, йæ архайды пайда кæны æппæты нырыккондæр технологитæ æмæ кусæнгæрзтæй. Компани ныронг цы вазыгджын арæзтæдтыл бакуыста, уыдоны номхыгъды сты транспортон, туристон æмæ спортивон инфраструктурæйы объекттæ. Сергей Меняйло æмæ Андрей Евдокимов фæбæрæг кодтой, фидæны республикæ æмæ компани цы иумæйаг проект-тыл бакусдзысты, уыдоны рагагъоммæ пълантæ.

Уыцы рæстæг Дзанайты Барисæн та фембæлд уыд æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «ПроШкола»-йы (у паддзахадон корпораци «ВЭБ.РФ»-йы структурон дæлхайад) генералон директор Александр Чеботаревимæ.

Фарон Цæгат Ирыстон æмæ «ПроШкола» цы бадзырд бафыстой, уый бындурыл Дзæуджыхъæуы райдыдта 1100-бынатон скъолайы арæзтад. Фембæлды архайджытæ фæбæлвырд кодтой ацы ахсджиаг социалон объекты арæзтады фæтк, стæй æрдзырдтой æндæр иумæйаг проекттыл дæр.

Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ форумы дарддæр сæ куыст кæнынц.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here