Бетъырбухы XXVIII-æм Дунеон экономикон форум знон дарддæр йæ куыст кодта. Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙЫ разамындæй республикæйы делегацийы уæнгтæ архайынц форумы æмбырдты, æмгуыстады бадзырдтæ бафыстой егъау компанитæ æмæ бæстæйы иннæ субъектты минæвæрттимæ.
Равдысты фæзуаты цæгатирыстойнæгтæн цы фембæлдтытæ уыд, уыдонæй иуы архайдта æнæкоммерцион автономон иугонд «Уæрæсе – уæрæх авналæнты бæстæ»-йы генералон директор, ахуырадон æрмадз «Сенеж»-ы ректор Андрей Бетин.
– Президент Владимир Путины амынддзинадмæ гæсгæ, иугонд «Уæрæсе – уæрæх авналæнты бæстæ» кусы бирæ ахуырадон проекттыл, цардархайды бирæ къабæзты минæвæртты профессион дæсныдзинад бæрзонддæр кæныны программæтыл. Нæ республикæимæ иугонды специалисттæ æххæст кæнынц сæрмагонд ахуырадон программæ «Æхсарджын Ирыстон». Уыимæ, нæ размæ æвæрæм амынд иугондимæ æмгуыстад фæуæрæхдæр кæныны нысантæ. Æмæ нын ацы фембæлд уæлæмхасæн фадат дæтты фидæны иумæйаг проекттæ фæбæрæг кæныны фадат, – бафиппайдта Сергей Меняйло.
Уый фæстæ республикæйы Сæргълæууæгæн фембæлд уыд Ханты-Мансийы автономон зылды губернатор Руслан Кухарукимæ. Фембæлды архайджытæ сфидар кодтой Цæгат Ирыстон æмæ Юграйы (Ханты-Мансийы автономон зылды) ‘хсæн Базарадон-экономикон, наукон-техникон, социалон æмæ культурон æмгуыстады бадзырд.
Уæрæх æмгуыстады фарстаты фæдыл бадзырдтæ Сергей Меняйло бафыста æмæ æрдзырдта фидæны æмархайды нысантыл хæрзаудæн фонд «Бæрзонд технологон медицинон æххуыс»-ы сæрдар Сергей Фурсенкоимæ, фонд «Росконгресс»-ы директоры хæдивæг Еленæ Марининаимæ, компани «Аэрофлот»-ы генералон директор Сергей Александровский æмæ æндæр федералон компаниты разамонджытимæ.
Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæн сæрмагонд фембæлд уыд Бетъырбухы минæвæрттимæ: æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Бионика 2.0»-йы генералон директор Никитæ Петровимæ, компани «Кистоун Лоджистикс»-ы генералон директор
Андрей Кузнецов æмæ Туризмы райрæзты комитеты сæрдар Евгений Панкевичимæ. Ныхасы архайджытæ фæбæрæг кодтой дыууæ регионы æмгуыстад рапарахат кæныны фадæттæ.
Уыцы рæстæг РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барисæн та хъуыддаджы фембæлд уыд Чувашийы Республикæйы Министрты кабинеты Сæрдар Сергей Артамоновимæ. Фидæны æмгуыстады нысантæ фæбæрæг кæнгæйæ, Дзанайты Барис æмæ Сергей Артамонов бафыстой РЦИ-Алани æмæ Чувашийы ’хсæн Базарадон-экономикон, наукон-техникон æмæ социалон-культурон æмгуыстады бадзырд.
Фæстæдæр Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ архайдтой форумы пленарон æмбырды, стæй иннæ тематикон сесситы.
Зындгонд куыд у, афтæмæй Бетъырбухы экономикон форум сси егъаудæр æмæ ахсджиагдæр ахæм дунеон равдыстытæй иу. Форумæн бындур æвæрд æрцыд 1997 азы. 2006 азæй фæстæмæ равдыст арæзт цæуы Уæрæсейы Президент Владимир
Путины цæстдардæй.
СЛАНТЫ Аслан