Хæрзиуджытæ райстой

0
32

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы бардзырдмæ гæсгæ, нæ регионы Хицауады Сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег майдантæ «Ирыстоны нымысæн» ратта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ Чъерджиаты Зауырбег æмæ Габолаты Артурæн.

Ацы дыууæ нæлгоймаджы сты кадрон æфсæддон службæгæнджытæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынц йæ райдайæнæй фæстæмæ, Райгуырæн бæстæйы интерестæ  хъæбатырæй хъахъхъæнынц.

Республикæйы разамынды номæй Томайы-фырт хæстон хæслæвæрдтæ удуæлдайæ æххæстгæнæг Зауырбег æмæ Артурæн зæрдиаг арфæтæ ракодта.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here