УФ-йы Федерацийы Советы пленарон æмбырды архайгæйæ, Цæгат Ирыстонæй сенатор Виталий Назаренко ахсджиаг закъонæвæрынадон фæндоныл раныхас кодта.
Бæстæйы Цæрæнуатон кодексмæ æмæ «Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады паддзахадон информацион уагæвæрды тыххæй» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ чи хæссы, парламентари уыцы закъоны проект фехъусын кодта. Нæ республикæйы минæвар кæй бавдыста, уыцы закъоны проект цæрæнуатон-коммуналон лæггæдты аргъ бафидыны фæдыл документ бавдисыны æмгъуыдты тыххæй иумæйаг домæн фидар кæны (уыимæ, амæй размæ архайæг бирæфатерон хæдзæртты уынаффæйады бадзырдты æндæр
æмгъуыдтæ фидар кæныны тыххæй фæтк иппæрдгонд æрцыд).
Ног закъонмæ гæсгæ, амынд информацион уагæвæрды сæвæринаг хъусынгæнинæгтæ фæкъаддæр кæнын æмбæлы. Амынд
ивддзинæдты фæрцы уыдзæн адæмы удæнцойдзинадæн цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдты аргъ фидыны иумæйаг фæтк сфидар кæныны фадат.
Пленарон æмбырды архайджытæ стыр æргом аздæхтой федералон бюджеты тыххæй закъонмæ бахæссинаг ивддзинæдтæм. Федерацийы Советы уæнгтæ ацы æмæ 2026-2027 азты пъланон æмгъуыдмæ бюджетмæ бахæссинаг срастгæнинæгтыл сразы сты. Амæй размæ Федерацийы Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенко куыд фехъусын кодта, афтæмæй, регионалон бюджеттæ æмхуызон уагæй арæзт цæмæй цæуой, сенатортæ уымæ стыр æргом здахынц.
Уымæй уæлдай, æрвыл-аз 30 июны кæй сбæрæг кæнынц, Федерацийы Совет Парламентаризмы уыцы дунеон боны фæдыл хъусынгæнинаг сфидар кодта. Документ куыд амоны, афтæмæй, историон цаутæ зыгъуыммæ æвдисгæйæ, Ныгуылæны бæстæтæ нацизм кæй æндидзын кæнынц, сенатортæ уыдæттæй райгонд не сты. Къорд ныгуылæйнаг бæстæйы (уыимæ – Герман дæр) Украинæ хæцæнгæрзтæй кæй ифтонг кæнынц, Европæйы æфсæдты бæрц фылдæрæй-фылдæр кæй кæны æмæ афтæмæй ног дунеон хæст райдайынæй тæссаг кæй у, уыдæттæ сенаторты сагъæсы æфтауынц. Паддзахæдты æмæ адæмты æхсæн ныхас кæнынæн чи ахъаз кæны, уыцы парламентон дипломатийæн амынд вазыгджын уавæрты ис стыр ахадын-дзинад.
Æлборты Зæлинæ, УФ-йы сенаторы æххуысгæнæг