Дзæуджыхъæуы, Зæрдыл дарын æмæ хъыджы боны агъоммæ , Сæрибары фæзы судзгæ мыдадзын цырæгътæй скодтой, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, æфсады инæлар, Плиты Иссæйы цыртдзæвæны ныв æмæ фыст «VЛАДИКАВКАЗ ЗÆРДЫЛ ДАРЫ».
Инсталляци саразынæн бахъуыд 10 мин мыдадзын цырагъæй фылдæр, ныв бацахста 10 метры 15 метрыл. Ацы акци скодтой политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайад, «Фыццæгты змæлд», «Уæлахизы бархионтæ», æвзонг гвар-дионтæ æмæ республикæйы Фæсивæды хъуыддæгты комитет.
Партийы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй акцимæ æрбаиу сты «Иугонд Уæрæсе»-йы фарс хæцджытæ, депутаттæ, бархионтæ, уынгты тезгъогæнджытæ. «Афтæмæй мах кад скодтам Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Хъæбатыртæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг æмзæххонтæн. Махæн историон рæстдзинад бахъахъхъæнын, фæсивæды патриотон хъомылад хаст æрцыдысты «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæмæ», – загъта Едзойы-фырт.
«Хæсты артæй конд ныв»-ы акци алы аз дæр конд æрцæуы, у дунеон, йæ хъæппæрис рацыд «Иугонд Уæрæсе»-йæ. Фарон акцийы фæлгæты судзгæ мыдадзын цырæгътæй скодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты иу символ – «Катюша»-йы ракетон фидар.
Санаты Альбинæ














