2025 азы январь-апрелы кусæндæтты зилдухы (хиуагъд æвгæд товарты, хи хъарутæй æххæстгонд куыстытæ æмæ лæггæдты аргъ, стæй æндæр рæтты æлхæд товартæ уæй кæнынæй ист æфтиа-джы) бæрц рауад 86668,7
милуан сомы, ома, арха-йæг æргътæй нымайгæйæ, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ – 114,1%.
2025 азы январь-апрелы, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, промышленнон куыстады индекс рауад 72,2%. Доломиты, хуыры, лыстæг хуыр æмæ чъырдуры рауагъд кæй фæфылдæр, уый фæрцы пайдайаг къахинæгты амалкæнынады куыстады индекс рауад 111,4%.
Фаронимæ абаргæйæ, дзидзайæ конд хойраг – 7,0%, сæлдæджытæ – 4,5%, спъирт – 1,3%, сырсыраг æмæ шампайнаг сæнтæ – 1,3%, суæрттæ – 17,1%, уæнгроггæнæн нозт – 13,2%, хуыссæнгæрзтæ – 2 хатты, нæлгоймæгтæ æмæ лæппуты уæлæдарæс – 90,6%, сæрмагонд уæлæдарæс – 2,6%, хъæбæр гæххæттæй асыччытæ æмæ къоппытæ – 22,1%, æвджын бæрцуæттæ – 3,4%, керамикон агуыридуртæ – 13,1%, блоктæ æмæ æндæр æмбырдгæнæн арæзтадон дзаумæттæ – 15,5%, æндæр æрдæгуадзæн ифтонггæрзтæ – 13,1%, стъолтæ – 97,6%, бандæттæ – 80,9% къаддæр кæй рауагъдæуыд, уый нымайгæйæ, хомагкусæг куыстады индекс
рауад 80,3%.
Электрон тыхæй, газ æмæ доны тæфæй ифтонгады; уæлдæф сыгъдæг кæныны куыстады индекс рауад 90,9%. Электрон тых рауагъдæуыд 1,5%, тæвды тых та – 28,0% къаддæр.
Донæй ифтонгады, дон иуварс уадзыны, æппарæццæгтæ æмбырд кæныны æмæ сæ æфснайыны, чъизидзинæдтæ иуварс кæныны куыстады индекс рауад 46,2%.
Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2025 азы январь-мартъийы, æппæт куыстуæттæ нымайгæйæ, бындурон капиталыл хардзгонд
инвестициты бæрц, комкоммæ статистикон цæстдард кæуыл не ’ххæссы, ахæм инвестицитæ дæр хынцгæйæ, рауад 5292,4 милуан сомы, ома,
ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ – 103,9% (2024 азы январь-мартъийы – 88,0%).
2025 азы январь-апрелы архайды хуыз «Арæзтад»-мæ гæсгæ æххæстгонд
куыстыты бæрц рауад 6357,8 милуан сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ – 19,4% къаддæр (2024 азы январь-апрелы – 105,2%).
2025 азы январь-апрелы сарæзтæуыд 250698 квадратон метры цæрæн-уæттæ, ома, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ – 8,2% къаддæр. Хицæн адæймæгтæ кæй сарæзтой, æппæт арæзт цæрæнуæттæй уыцы
хæдзæртты хай рауад 43,3% (108445 квадратон метры, ома, 2024 азы январь-апрелимæ абаргæйæ – 3,1% фылдæр).
2025 азы январь-апрелы æппæт хъæууонхæдзарадон продукциуадзджытæ рауагътой 6234,6 милуан сомы бæрц продукци, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ – 100,8% (2024 азы январь-апрелы – 101,7 %).
Ацы азы апрелы кæрон æппæт хуызты стурвосы нымæц, ранымадмæ гæсгæ, уыд 96,4 мин сæры (ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ – 0,7% къаддæр), адонæй хъуццытæ уыдысты 39,2 мин сæры (1,7% къаддæр), хуытæ – 8,1 мин сæры (36,0% къаддæр), фыстæ æмæ сæгътæ – 81,5 мин сæры (43,0% фылдæр), мæргътæ та – 1162,5 мин сæры (2,9% фылдæр).
2025 азы январь-апрелы æппæт хуызты хæдзарæдтæ фос æмæ мæргътæ æргæвдынæн (удæгас уæзæй нымайгæйæ) рауагътой 1,7%, æхсыр – 0,6%, æйчытæ та – 0,8% фылдæр.
2025 азы апрелы кæрон, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, хъæууонхæдзарадон куыстуæттæ фос æмæ мæргътæ æргæвдынæн (удæгас уæзæй нымайгæйæ) рауагътой 11,3%, æхсыр – 12,2%, æйчытæ та – 40,8% фылдæр.
2025 азы январь-апрелы, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, автомобилон транспорты уæзты зилдухы бæрц 8,8% фæфылдæр, бæлццæтты зилдухы бæрц та 11,0% фæкъаддæр.
2025 азы январь-апрелы розницæйы базарады зилдухы бæрц рауад 63646,6 милуан сомы, ома, 2024 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, абаргæ æргътæй нымайгæйæ – 104,2% (2024 азы январь-апрелы – 107,6%). Базары æдде товартæ чи уæй кæны, уыцы кусæндæттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты зилдухы бæрцыл бафтыд 3,0%; товартæ розницæйы базартæ æмæ армукъаты та ауæйчындæуыд 7,5% фылдæр.
2025 азы январь-апрелы æхсæнадон хæлцы зилдух фæфылдæр 13,4% (фарон уыцы заман та – 15,9%).
2025 азы январь-апрелы оптон базарады зилдухы бæрц рауад 21105,1
милуан сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ – 27,8% къаддæр.
2025 азы январь-апрелы, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, адæмæн æхцайыл лæггæдты бæрц 21,8% фæфылдæр.
2025 азы апрелы кæрон, 2024 азы декабримæ абаргæйæ, товартæ æмæ лæггæдты фæлхасадон æргътыл бафтыд 3,2%, уыимæ хойраджы æргътыл – 4,3%, лæггæдты æргътыл – 2,5%, промышленнон товарты æргътыл та – 2,0%.
РЦИ-Аланийы Финансты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2025 азы январь-мартъийы республикæйы иумæйаг бюджет æххæстгонд æрцыд 1374,3 милуан сомы бæрц кадаваримæ (фарон январь-мартъийы кадавары бæрц уыд 260,6 милуан сомы).
2025 азы январь-мартъийы куыстуæтты хæрдзтæ рауадысты се ’фтиæгтæй 274,7 милуан сомы фылдæр.
Сæ хæрдзтæ се ’фтиæгтæй фылдæр кæмæн сты, уыцы куыстуæтты хай ацы азы январь-мартъийы рауад 45,9%, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, 2,5% фылдæр.
2025 азы январь-мартъийы мæймæ нымад рæстæмбисон мызды бæрц рауад 49486,4 сомы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ – 14,5% фылдæр. 2025 азы январь-мартъийы, ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, æцæг мызды бæрц рауад 104,5%.
Экономикон архайды иртæстгонд хуызты кусæндæтты мызды хæсы бæрц (хæс ис æви нæй, уый тыххæй бæрæггæнæнтæ 2025 азы 1 маймæ бавдисæг кусæндæтты, чысыл амалиуæгады субъекттæй фæстæмæ) рауад 0 сомы.
2025 азы январь-мартъийы, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ, рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, адæмы æхцайы æцæг æфтиæгтыл бафтыд 3,5%.
2025 азы январь-мартъийы иу адæймагмæ хауæг æхцайы æцæг æфтиæгты бæрц рауад 39694,0 сомы, ома, ивгъуыд азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ – 16,2% къаддæр.
2025 азы апрелы кæрон официалон уагæй регистрацигонд æгуыст адæмы нымæц рауад 2231 адæймаджы, ома, фароны уыцы рæстæгимæ абаргæйæ – 14,9% къаддæр, раздæры мæйимæ абаргæйæ та – 15,1% фылдæр. 2025 азы апрелы кæрон æппæт кусджытæй официалон уагæй регистрацигонд æгуыст адæмы бæрц рауад 0,7%, фарон уыцы афон та – 0,8%.
«Цæгат-Кавказстат»-ы
пресс-службæ