Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджыны минæварады Цæгат Кавказы федералон зылды видеобаст-дзинады руаджы скодтой туризмы рæзты фарстатимæ баст æмбырд. Кусæг къорды координацион советы æмбырд амыдта Æххæстбарджыны хæдивæг Владимир Надыкто.
Туризмы рæзтимæ баст æмбырды ма архайдтой Уæрæсейы Экономикон рæзты министрады, «КАВКАЗ.РФ»-ы, федералон зылды Мид-хъуыддæгты министрады, зылды субъектты разамонджытæ æмæ æндæр бæрнон минæвæрттæ. Цæгат
Ирыстоны Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис дæр видеобастдзинады фæрцы йæ хъуыдытæ фæхæццæ кодта æмбырды архайджытæм.
Рæгъмæ рахастæуыд туризмы нормативон-барадон, экскурсоводты, гидты, туристон маршруттæм хонæг инструкторты æнæмæнг аттестацийы, фысымуæтты, хæххон лыжæтыл бырыны трассæтæ æмæ пляжты æмвæзад сбæрæг кæныны фарстатæ æмæ регионты ‘рдыгæй цæстдарыны мадзæлттæ.
Туристон лæггæдты æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй нырмæ дæр бирæ хъуыддæгтæ конд æрцыд, фæлæ регионалон цæстдард фæтыхджындæр кæныны тыххæй 2025 азы 1 мартъийæ сæ бартæ фæхъомысджындæр сты.
Къабазы цы цæстдарæн хъуыддæгтæ скæной, уый тыххæй хъуамæ фехъусын кæной Æххæстбарджыны хæдивæгæн. Ацы азы 1 январæй бынæттон разамындты бон уыдзæн туризмимæ баст адæймæгтæй хъалонтæ исын, уыцы куысты бæрæггæнтæ æрвитын федералон зылды Минæварадмæ.
Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй туристон хъалонтæ æмбырд кæныны уынаффæ рахастой 2025 азы. «Уыцы фæрæзтæй нæ бон фæхуыздæр кæнын у цæрджытæ æмæ уазджытæн хъæугæ инфраструктурæ, фæзуæтты фадæттæ, къахвæндæгтæ æмæ æндæр авналæнтæ аразын. Ныртæккæ нæм туристтæ куыд арæх цæуынц, уый бар дæтты хъалонты рæзтæн», – загъта республикæйы Хицауады Сæрдар.
Уымæй уæлдай, радзырдта туризмы къабазы кусæг организациты аууонæй рахоныны тыххæй дæр. Владимир Надыкто куыд загъта, афтæмæй туризмы къабазы хъалонтæ хъуамæ лæвæрд цæуой уазджытæн æппæт фадæттæ саразынæн, горæтты фæрныгадæн, æндæр ахсджиаг домæнтæн.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ