Куысты бæрæггæнæнтæ бахыгътой

0
33

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдар Дмитрий Медведев кæй амыдта, партийы Генералон советы уыцы æмбырды архайджытæ куысты бæрæггæнæнтæ бахыгътой, стæй ног пълантæ сбæлвырд кодтой.

­– Иннæ аз нæ бæстæйы чи ацæудзæн, «Иугонд Уæрæсе» йæхи цæттæ кæны Паддзахадон Думæйы депутатты уыцы æвзæрстытæм. Ацы æвзæрстыты цæмæй æнæмæнг фæуæлахиз уæм, ууыл бацархайдзыстæм. Мæнмæ гæсгæ, махæн ис нæ ныры уавæр фæнывыл кæныны фадат. Адæмы фарстытæн æвæстиатæй дзуаппытæ дæттыны гæнæнтæ уæрæх кæнæм, партион организацитæ æмæ депутатты æмгуыстад бынæтты парахат кæнæм, ног адæмон программæмæ кæй бахæсдзыстæм, æвзарджыты уыцы уынаффæтæ æмбырд кæнæм. Программæмæ бахæссинаг фарс-татыл æмбæлы биноныг бакусын, – загъта бæрнон адæймаг.

Дмитрий Медведевы ныхасмæ гæсгæ, парти сæйраг æргом здахы партимæ ног уæнгты исыны æмæ депутаттæй æппæтæй аккагдæр адæймæгты æвзарыны фарстатæм.

– Нæ куыст æмбæлгæ уагæй кæй æххæст кæнæм, рагагъоммæйы хъæлæскæнынады бæрæггæнæнтæ ууыл дзурæг сты. Ацы азы сентябры чи ацæудзæн, хъæлæскæнынады уыцы иумæйаг бон партийы номæй алыхуызон къæпхæнты æвзæрстыты архайдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы астсæдæ архайæгæй фылдæр. Ног регионты цæрæг адæмимæ куысты фæдыл «Иугонд Уæрæсе»-йы
хуыздæр рахæцæнтæ парахатгонд кæй цæуынц, уый ахъаз кæны æвзарæн кампанийы архайынмæ адæмы сразæнгард кæнынæн. Ацы куыст ахадгæ уагæй кæй цæуы, уымæн æвдисæн у партийы гуманитарон архайд, – загъта Дмитрий Медведев.

«Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон советы секретарь Владимир Якушевы ныхасмæ гæсгæ, парти гуманитарон æххуыс дарддæр дæр æххæст кæндзæн.

– Парти ног регионтæм барвыста сæдæ цыппор мин тоннæйæ фылдæр гуманитарон æххуыс. Ацы куыст дарддæр æххæст кæнæм. Ныридæгæн партийы адæмон программæ æстай æртæ процентæй æххæстгонд æрцыд. Фарон ныййарæджы капиталы бæрц фæфылдæр кодтам, чысыл хъуагæй дыууæ мины æмæ æрдæг фелсырон-акушерон кусæндоны байгом кодтам, дыууæсæдæ æстай фондз мин хæдзармæ æрдзон газ бауагътам, дыууæсæдæ нæуæдз æртæ ног скъолайы сарæзтам, астсæдæ цыппор авд ахуыргæнæндоны та бындуронæй сцалцæг кодтам, бирæфатерон хæдзæртты аст мин кæрты æмæ æхсæнадон тæлмы банывыл кодтам, – загъта Владимир Якушев.

Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуысы фæдыл адæмон программæйы ног хайадыл. «Иугонд Уæрæсе»-йы фæндонæй хæстонтæн æххуысы тыххæй 130 закъоны фидаргонд æрцыдысты. Парти æххæст кæны æфсæддон службæгæнджыты психологон æмæ социокультурон реабилитацийы фæдыл проекттæ, æххуыс сын кæны куысты бынæттæ ссарыны хъуыддаджы.

– Ацæуæг æмбырдæн уыд стыр ахадындзинад. Дзыллæты фæндæттæ хынцгæйæ, «Иугонд Уæрæсе» афæдзæйафæдзмæ рæзы. Алыхуызон къабæзтæм гæсгæ (ардæм хауынц ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ æндæртæ) стыр куыст æххæст кæнæм. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æххуыс кæнæм. Рæхджы ивддзинæдтæ кæдæм бахæсдзыстæм, партийы ахæм адæмон программæ нымад у куысты сæйраг фæзилæнтæй иуыл. Владимир Якушевы ныхасмæ гæсгæ, «Иугонд Уæрæсе» йæ адæмон программæйы æртæсæдæ фæндзай уагæвæрдæй дыууæсæдæ науæдз дыууæ уагæвæрды сæххæст кодта. Ацы æууæл нымайын нæ куысты хорз бæрæггæнæныл, – загъта партийы Генералон советы уæнг, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур.

 

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here