Реабилитацийы центрты дзæбæх кæнынц

0
30

Сæрмагонд æфсæддон операцийы демобилизацигонд архайджытæн ис медицинон реабилитацийы æмæ санаторон-курортон дзæбæхкæнынады фæдыл лæггæдтæй Социалон фонды дæлбар центрты спайда кæныны бар.

Сæрмагонд операцийы ветеранты цалынмæ дзæбæх кæнынц, уæдмæ сæм амынд фонд цæст дардзæн. Адæймагæн ис афæдзы дæргъы иу хатт санаторон-курортон дзæбæхкæнынад ацæуыны бар.

Реабилитацион центртæм кæй æрвитынц, уыцы адæмы æнæниздзинады уавæры тыххæй медицинон-социалон экспертизæйы бæрæггæнæнтæ банымайынц. Амæй размæ иртасынад чи нæ ацыд æмæ сахъат чи нæу, уыцы адæймагæн диагностикæ сæххæст кæнынц реабилитацион центры æмæ йын дзæбæхкæнынады курс бацамонынц.

Уæрæсейы Хъæбатыры ном, кæнæ фыццаг къорды сахъатдзинад кæмæ ис, сæрмагонд æфсæддон операцийы ахæм архайджытæн ис Социалон фонды реабилитацион центртæм сæ дзæбæх кæнынмæ æнæ радæй арвитыны бар.

Адæймагæн ис дзæбæхкæнынады курс реабилитацион центрты  ацæуыны фæдыл курдиат Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады æппæт клиентон службæты, стæй амынд лæггад æххæстгæнæг бирæкъабазджын центрты барвитыны бар. Дыууæ кусгæ боны дæргъы специалисттæ курдиаты фæдыл уынаффæ рахæсдзысты æмæ фæстæдæр боны дæргъы уынаффæйы тыххæй хабар курдиатбарвитæг адæймагæн фехъусын кæндзысты.

Реабилитацийы æмæ санаторон-курортон дзæбæхкæнынады фæдыл лæггæдтæ цæмæй фæаслам уой, уый тыххæй сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн реабилитацион центры онг æмæ уырдыгæй фæстæмæ цæуыны фæндагга-джы хæрдзтæ бафидынц. Фæндаггаджы хæрдзтæ ветеранæн цæмæй фæстæмæ бафидой, уый тыххæй æмбæлы курдиат барвитын, стæй йæм балцы цыдыл дзурæг гæххæттытæ бафтауын. Ныхас цæуы стæмтæй фæстæмæ транспорты цыфæнды хуызтыл (ардæм хауынц поезд, хæдтæхæг, доныл цæуæг транспорт, автобус, кæнæ та адæймаджы хи хæдтулгæ).

Бæстæйы Социалон фонды реабилитацийы æппæт центрты тыххæй хабæрттæ æвæрд сты официалон сайты: https://sfr.gov.ru/about/rehabilitation centers/.

 

УФ-йы Социалон фонды
цæгатирыстойнаг
хайады пресс-службæ?

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here