РЦИ-Аланийы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ æмæ математикæйæ программæтæ кæныны дунеон скъола «Алгоритмика» бафыстой æмгуыстады тыххæй меморандум.
Документы руаджы информатикæ, информацион-коммуникативон технологитæ æмæ нымæцон арæхстдзинæдтæ рапарахат уыдзысты ахуыргæнджытæ æмæ
ахуырдзауты ‘хсæн. Алыбегты Эллæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы азæй
республикæйы 1 къласæй 11 кълæсты онг хъуамæ рапарахат уой информацион технологитæ, нымæцон арæхстдзинæдтыл сæ ахуыр кæндзысты. «Нæ размæ æвæрæм, ерыстæ, уæлæмхасæн программæтæ ахуырадмæ бахæссыны нысантæ. Пайда кæндзыс-тæм нырыккон нымæцон технологитæй», – фæбæрæг кодта министр.
Математикæйæ прог-раммæтæ кæныны дунеон скъола «Алгоритмика»-йы паддзахадон къабазимæ куысты разамонæг Станислав Косарев куыд зæгъы, афтæмæй
æмгуыстадæн фадæттæ скæндзысты. «Мах дæттæм программæтæ аразыны æмæ аразгæ интеллекты æвзæгтæ, киберæдасдзинады бындуртæ æмæ аразгæ интеллекты иннæ рахæцæнтæ. Ахуыр кæндзыстæм алы кары скъоладзауты,
зæгъæм, кæстæрты ахуыр кæндзыстæм райдайæн бындуртыл, хистæрты та арфдæр зонындзинæдтыл æфтаудзыстæм. Уыимæ, сæ бон дарддæр уыдзæн сæ ахуыр адарддæр кæнын. Афтæмæй нæ цæстыты цур фæзындзысты къабазы нырыккон дæснытæ, сæ бон бæстæйы æмæ регионы технологон рæзтыл архайын уыдзæн», – фæбæрæг кодта Станислав Косарев.
РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы
министрады
пресс-службæ














