Зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнынæн

0
22

Национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-мæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы ахуырадон центр «Вершинæ»-йы скодтой алыхуызон дисциплинæтæй ахуырад.

Къуырийы дæргъы раззаг уæрæсейаг уæлдæр скъолаты фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ фæсивæдæн ахуырадон предмет географийы лыстæг фæзилæнтæ амыдтой.

Ахуырадон программæмæ хаудтой олимпиаг хæслæвæрдты æххæсткæнынад, стæй картæтæ æмæ хъыбыллæимæ куыст.

«Вершинæ»-йы директор Зæлинæ Вардашевайы ныхасмæ гæсгæ, ахуырады фæрцы фæсивæдмæ ног зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад фæзынд. Фæсивæд разæнгардæй кæм архайдтой, уыцы сæрдыгон ахуырадæн арæзт æрцыдысты нывыл уавæртæ.

Рæзгæ фæлтæры сфæлдыстадон гæнæнтæн баххуыс кæнынмæ арæзт амынд национ проект æнтыстджынæй кæй æххæст кæнынц, сæрдыгон ахуырад ууыл дзурæг у.

РЦИ-Аланийы
Ахуырад æмæ
наукæйы министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here