Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады клиентон службæ бахастой размæцыд клиентон службæтæ саразыны фæдыл фæлварæн проектмæ.
Ацы азы 1 июнæй фæстæмæ Дзæуджы-хъæуы Леоновы уынджы 6/1 бæстыхайы æрбынæттон-уæвæг клиентон службæ кусы къуырийы дæргъы æхсæз боны.
Къуырисæрæй майрæмбонмæ куысты рæстæг: 9:00 сахатæй 19:00 сахаты онг (18:00 сахатæй 19:00 сахатмæ кусынц нымæцон тæлмытæ); сабаты 9:00 сахатæй 16:00 сахаты онг кусы нымæцон тæлм; мæйы алы фæстаг сабаты дæр 9:00 сахатæй 16:00 сахаты онг специалисттæ æрбацæуæг адæмимæ фембæлынц.
300 мин дзæуджыхъæук-каг адæймагæй фылдæрæн лæггад чи кæны, уыцы клиентон службæ нымад у регионы æппæтæй стырдæрыл.
Хи райрæзтыл архайæг Социалон фонд клиенттæм стыр æргом кæй здахы, уый нымайгæйæ, рахастой клиентон офисмæ нымæцон лæггадкæнынады тæлмытæ бафтауыны уынаффæ. Интернетимæ иугонд уазæгон компьютертæй ифтонггонд чи у, æрбацæуæг адæмы исынæн раздæры 9 рудзынгæй сарæзтой хæдбарæй лæггадгæнæг ахæм тæлмытæ. Ацы тæлмыты фæрцы адæмæн ис пенсион ифтонгады, социалон фиддонты, ныййарæджы капитал æмæ Социалон фонды куысты æндæр къабæзты фарстаты фæдыл уынаффæтæ райсыны бар (уыимæ, нымæцон тæлмыты уынаффæгæнджытæ комкоммæ уагæй нысантæ хъæугæ курдиаты сæвæрын
баххуыс кæндзысты, стæй Социалон фонды электронон лæггæдтæй æмæ портал «Госуслуги»-йæ пайда кæнын бацамондзысты).
Æрбацæуæг адæмы алыхуызон къордтимæ (адонмæ хауынц зынтæй цæуæг, цæстæй æмæ хъусæй рæвдз чи нæу, ахæм адæймæгтæ дæр) куыст цæмæй æмбæлгæ уагæй цæуа, уый тыххæй Социалон фонды клиентон службæйы кусджытæ уæлæмхасæн ахуырад ацыдысты.
– Нымæцон лæггадкæнынады тæлмытимæ размæцыд клиентон службæ кæй байгом, уый ахъаз кæны Социалон фонды клиентон службæты рæзтæн. Нырыккон технологитæй пайда кæнгæйæ, адæмимæ æмгуыстад цæмæй удæнцой уавæрты цæуа, ууыл арха-йæм. Размæцыд клиентон службæйы ахадындзинадыл зæрдæ дарæм. Цæгатирыстойнæгтæм кæй байхъусдзыстæм æмæ сæ паддзахадон лæггæдтæй æххæстæй кæй сифтонг кæндзыстæм, уый дызæрдыггаг нæу, – зæгъы Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайады разамонæг Милдзыхты Аслан.
Адæмæн ис размæцыд клиентон службæмæ бацæуыны фæдыл рагацау хи ныффыссыны, науæд та йæм комкоммæ уагæй бацæуыны бар.
Размæцыд клиентон службæ кусы уæлдæр-амынд фæткмæ гæсгæ. Фæлладуадзæн бон – хуыцаубон.
УФ-йы Социалон фонды
цæгатирыстойнаг хайады
пресс-службæ