Базарадон-экономикон ахастдзинæдты райрæзтæн…

0
37

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛОЙÆН фембæлд уыд, Уæрæсейы Федерацийы номæй Абхазы, Сомихы, Турк æмæ Мароккойы чи кусы, уыцы базарадон минæвæрттимæ (уыдон ацы бонты хъуыддаджы балцы уыдысты Дзæу-джыхъæуы). Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой Цæгат Ирыстон æмæ амынд бæстæты базарадон-экономикон ахастдзинæдты райрæзтыл.

Сергей Меняйло фембæлды райдайæны куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Уæрæсейы регионты æддагон-экономикон архайд уæрæхдæр æмæ хъомысджындæр кæны. Уыимæ, Ныгуылæны паддзахæдтæ нæ бæстæйы ныхмæ цы экономикон гæрæнтæ расидтысты, уыдон нырма дæр сæ тыхы сты. Уыцы æууæл хынцгæйæ, Уæрæсейы Хица-уад æххуысы уæлæмхасæн мадзæлттæ аразы, цæмæй регионты экспортон-импортон архайд ма фæкъуыхцы уа, цæмæй фылдæр куыстæттæ æмæ компанитæн уа сæ продукци фæсарæнтæм æрвитыны фадат.
– Ахæм архайды уæлдай стырдæр ахадындзинад ис, Уæрæсейæн фæсарæйнаг паддзахæдты цы базарадон минæварадтæ ис, уыдонæн. Уыцы структурæтæ, бæстæйы æддагон-экономикон ахастдзинæдты фарстатыл кусгæйæ, æппæтвæрсыг æххуыс кæнынц, уæрæсейаг регионтæ æмæ компанитæй фæсарæйнаг базартæм ерысхъом продукци æрвитыны фæнд кæмæ ис, уыдонæн. Уыцы фарстатæ ахсджиаг сты Цæгат
Ирыстонæн дæр. Нæ республикæ у æмарæн регион, ис ын пайдайаг географион уавæр. Æмæ нын Уæрæсейы базарадон минæварадтимæ цас æнгомдæр æмархайд уа, уый бæрц ахадгæдæр фадæттæ уыдзæн Цæгат Ирыстоны æддагон-экономикон хъомыс æргомдæр кæнынæн, фылдæр ирыстойнаг продукци фæсарæйнаг базартæм æрвитынæн, – бафиппайдта Сергей Меняйло. Æппæт уыцы фарстаты фæдыл ныхасы архайджытæ сæ хъуыдытæ загътой, бахастой бæлвырд фæндæттæ æмæ фиппаинæгтæ. Цæгат Ирыстонæй фембæлды архайдтой рес-публикæйы экономикон рæзты министр Сокаты Марат, промышленность æмæ инвестициты министр Атарты Олег, Хъæууон хæдзарады министрады, Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Дзæуджыхъæуккаг минæварады, РЦИ-Аланийы амалхъомады райрæзтæн æххуысы фонд æмæ æндæр ведомствæты бæрнон кусджытæ.

СЛАНТЫ Аслан

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here