Депутаттæ – Кировы районы

0
33

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд, ацы хатт – Кировы районы Елхоты. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Депутатты куысты фæдыл балцы нысан, куыд республикæйы иннæ районтæм, афтæ ныр дæр уыд Кировы районы цард æмæ йæ архайдимæ хæстæгдæр базонгæ уæвын, се ‘нтыстытæ базонын, цавæр къуылымпытæ æвзарынц, уый сбæрæг кæнын æмæ уыцы къуылымпыты аххосæгты ныхмæ закъон-æвæрынадон бындурыл мадзæлттыл бакусын.
Кировы районы ивгъуыд азы социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтыл, стæй, национ проекттæ куыд æххæст кæнынц, уыцы фарстайы фæдыл æмбырды раныхас кодта районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Елойты Алымбег. Фыццаджыдæр, куыд загъта, афтæмæй, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадимæ районы цæрджытæй
бадзырд чи бафыста, уыдонæй алкæмæн дæр снысан кодтой иурæстæгон бафыст. Уыцы материалон æххуысæн радих кодтой 5,7 милуан сомы. Стæй æрныхас кодта районы бюджеты бæрæггæнæнтыл.
Ивгъуыд азы æфтиæгтæ сæм рауадысты 744,3 милуан сомы, хæрдзтæ – 742,3 милуан сомы. Уымæй размæйы, 2023 азимæ абаргæйæ, хи æфтиæгты рæзт рауад 111,7 милуан сомы. Дарддæр Елойты Алымбег бæстон æрныхас кодта районы экономикæ, хъæууон хæдзарад, ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнынад, цæрæнуæтты-коммуналон æмæ адæмы социалон цардимæ баст иннæ къабазы бæрæггæнæнтыл, стæй, цы паддзахадон программæтæ æмæ проекттæ æххæст кæнынц, ууыл.
Муниципалон бюджетон процесс 2024 азы куыд арæзт цыд æмæ йæ финансон хæстæ куыд æххæст кодта, уый фæдыл ныхас кодта районы Цæстдарæн-нымайæн палатæйы сæрдары хæдивæг Сæлбиты Бэллæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ивгъуыд аз сбæрæг кодтой районы 18 объекты финансон архайд æмæ раргом кодтой 1458,0 сомы аргъ халæн цауы. Æркастысты, паддзахадон программæтæ æххæст кæныны хъуыддаг цы финанс-
тæ бадомдта æмæ куыд хардзгонд æрцыдысты, уымæ дæр. Палатæ йæ куысты хатдзæгты фæдыл амынддзинæдтæ фæхæццæ кодта районы администраци æмæ мунципалон кусæндæтты разамонджытæм.
Йæ стратегион уавæрмæ гæсгæ районы аграрон-промышленнон хъомыс фылдæр кæй у, сæ гæнæнтæ парахат кæй сты æмæ, районы цы культурон объекттæ ис, уыдон туризмы къабаз рапарахат кæнынæн хорз фадат кæй дæттынц, уый фæдыл уыд йæ раныхас Парламенты бюджет, хъалонтæ, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауитты Алыксандрæн. Уымæй уæлдай, депутат бафиппайдта ивгъуыд аз муниципалон бюджеты фæрæзтæй нывыл архайд æмæ æрныхас кодта ацы азы бюджеты бæрæггæнæнтыл.
Парламенты социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ раныхас кодта, социалон политикæйы фарстатæ районы куыд æххæстгонд цæуынц, уый фæдыл. Куыд загъта, афтæмæй уыцы нысанæн районæн ивгъуыд аз лæвæрд æрцыд 161 милуан сомы, ацы аз та уал ныридæгæн – 136 милуан сомы. Уый фæрцы районы æххæстгонд цæуынц национ проекттæ, федералон æмæ регионалон паддзахадон программæтæ, се ‘хсæн: «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг райрæзт», «Горæтаг фæзуæтты арæзтад», «Ахуырады къабазы райрæзт» æмæ æндæртæ. Сæ фæрцы кæронмæ ахæццæ сты æхсæнадон фæллад-уадзæн бынæттæ æмæ хæдзæртты алывæрсты фæзуæттæ нывылгæнæн куыстытæ Елхоты, Даргъ-Къохы, Ставд-Дурты. Кæрдзын æмæ Змейкæйы станицæйы та нырма уал цæуынц дарддæр. Елхоты арæзт цæуы Культурон рæзты центр, Кæрдзыны та – скъолайы бындурон рацарæзты куыстытæ. Æххæстгонд цæуынц егъау инвестицион проекттæ: «Остров Аквакультура», «Де-Густо» æмæ æндæртæ. Сæ инвестициты иумæйаг бæрц у 350 милуан сомы.
Ивгъуыд аз депутаттæ, Кировы район бабæрæг кæнгæйæ, цы уынаффæтæ рахастой, уыдон афæдзмæ æххæстгонд куыд æрцыдысты, уый фæдыл ныхас кодта Парламенты закъон-æвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Советы уæнгтæ ма цы æртæ республикон закъоны проекты равзæрстой, уыдоны фæдыл ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Черчесты Аслан, Хæдарцаты Аслæнбæг æмæ Киситы Мурат.
Æмбырды кæрон йæ архайджытæн арфæ ракодта районы муниципалон сконды сæргълæууæг Нæкуысаты Барис. Загъта, сæ тыхст абон тынгдæр цæуыл у, уый дæр: «Елхоты æвæстиатæй аразын хъæуы ног скъола. Кæрдзыны абоны онг нæй Культурæйы хæдзар. Иннæ ахæм – Даргъ-Къохы астæу чи цæуы, уыцы федералон фæндаг. Æрвылбон ыл цы бирæ автотранспорт цæуы, уымæн йæ уæзæн нал быхсы. Аразинаг у хъæуы кæрæтты цᴂуæг фæндаг. Зонæм нæ гæнæнтæ, нæ хъæндзинæдтæ дæр, æмæ сæ аиуварс кæныныл кусдзыстæм».
Советы æмбырды фæстæ Тускъаты Таймураз фембæлд Кировы районы фæсивæды минæвæрттимæ. Фембæлды архай-джытæ – æрыгон ахуыргæнджытæ, дохтыртæ, амалхъомтæ, ног равзæрст Фæсивæдон парламенты уæнгтæ, сфæлдыстадон кусджытæ – фарстытæ лæвæрдтой Парламенты Сæрдармæ. Зынаргъдæрыл цы нымайыс дæ царды? Цавæр принциптыл хъуамæ æнцой кæна разамонæг? Цавæр миниу-джытæ нымайыс сæйрагдæртыл? Адæймаг царды цæмæй æнтыстджын уа, уымæн цавæр сусæгдзинад ис? Цы бауынаффæ кæнис абоны æрыгон фæлтæрæн?» – цымыдис сын чи уыд, ацы æмæ бирæ æндæр фарстытæн Парламенты Сæрдар дзуаппытæ лæвæрдта. «Алцæй ратæдзæн дæр у фæллой. Кусын чи уарза, уымæн æвзæр уæвæн нæй. Фæлæ æрыгон адæймаг куыстæй йæхи иуварс куы ласа, йæ размæ бæрзонд нысантæ куы нæ æвæра æмæ сæ сæххæст кæнынмæ куы нæ тырна, уæд хъуыддагæй ницы рауайдзæн. Нæ хистæрты куырыхон ныхæстæ, сæ фæлтæрддзинад махæн, мæхицæй дæр æй зæгъын, абон сты царды скъола, æмæ сæ хъæуы зæрдыл дарын», – загъта Парламенты Сæрдар.
Уыцы бон ма Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта, Уæлахизы 80 азы боны кадæн арæзт чи æрцыд æмæ Елхоты Культурæйы хæдзары чи æрбынæттон, Хæстон намысы уыцы зал. Стæй Кировы районмæ депутатты кусæг балцæн хатдзæгтæ скодта.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here