Фæсивæдимæ фембæлд

0
119

Хæстон архайды ветераны боны кадæн политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайад фæсивæдæн документалон киноныв «Терек». Казачья бригада» равдисынæн фадæттæ сарæзта.

Партийæн æхсæнадон æххуысы штабмæ æрбацæуæг нæ республикæйы Фæсивæдон парламенты минæвæрттимæ, фæсивæды организациты активисттæ æмæ бархионтимæ ныхас кодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ Кетойты Станислав æмæ Къубалты Аслан. Станислав æмæ Аслан сæ хæстон архайды тыххæй хабæрттæ æрбацæуæг адæмæн радзырдтой. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ сæ хæстон хæслæвæрдтæ куыд æххæст кæнынц, амынд киноныв уый æвдисы.
Фембæлды архайæг, нæ республикæйы Парламенты депутат Джиоты Георги амынд дзыллон мадзæлтты ахадындзинад бафиппайдта.
– «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæ æххæст кæнгæйæ, фæсивæды пат-
риотон хъомылад æмæ историон номарæн бахъахъхъæныны хъуыддагмæ стыр æргом здахæм. Удварнон хæзнатæн аргъ кæнгæйæ, фæсивæд Райгуырæн бæстæйы фæрныгады сæраппонд цæмæй фæллой кæной, нæ хæс у уымæн ахъаз кæнын, – загъта Джиойы-фырт.

Санаты Альбинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here