Мæ уарзон хъомылгæнæг

0
61

Æхсæнадон царды сарæх сты, рæвдауæндæтты чысыл сабитæм сæ къух чи исы, се ‘нæниздзинад сын чи бахъыгдары, ахæм хъомылгæнджытæ. Бирæ ныййарджытæ нал уæндынц сæ сывæллæтты рæвдауæндæттæм бакæнын, уæлдайдæр – хæрз гыццылты, дзурын дæр чи нæма зоны, ахæм дыууæаздзыд сабиты.

Цал æмæ цал хабары фехъуыстам, сывæллæттæй сæ хæдзæрттæм чи æлвæст цонгимæ æрбацæуы, чи та – цъæх хъулæттæй. Кæд фендæуыд ахæм æбуалгъдзинад? Цæмæн уæндынц ахæм «хъомылгæнджытæ» нæ фидæнмæ къух исын, чи сын ратта уыцы бар? Мæнæй нæ рох кæнынц мæ сабибонтæ, рæвдауæндоны цард æмæ хъомылгæнджытæ. 50 азы рацыд, æмæ сæ æдзухдæр мысын, уæлдайдæр – Гаситы-Фардзинты Лидæйы. Цæй диссаджы адæймаг уыд, куыд бирæ уарзта сывæллæтты, æмæ йæ бæрны чи уыдис, уыцы сабиты зæрдæты арф фæд дæр уымæй ныууагъта. Йæ узæлд, йæ рæвдыд ныхасæн кæрон нæ уыд. Никуы хъуыды кæнын, æмæ «Лидæ Тотровнæ» махæй искæй цæвгæ нæ, фæлæ хъæр дæр искæуыл ныккодта. Абон дæр мæ нæ ферох сты, йæ хурæнгæс цæсгом, йæ фæлмæн мидбылхудт æмæ мады хуызæн фæлмæн къухтæ. Нæ чысыл цæнгтыл нын-иу куы рахæцыд, уæд ын ахæм хъарм æмæ фæлмæн уыдысты, æмæ-иу æй нæ ныййарæг мадæлтæй хъауджыдæр не ‘взæрс-
там. Куыста, Алагиры хъæдгуыстгæнæн заводы коллективæн цы рæвдауæндон уыдис, уым хъомылгæнæгæй. Куыстмæ цæугæ та кодта Црауæй. Далæ-иу кæцæй рараст кодта фистæгæй, иу хъæуæй иннæмæ, æмæ æрæджы дæр никуы бакодта. Афæдзы дæргъы нын-иу алы бæрæгбон дæр цымыдисæй арæзта, уæлдай фылдæр уарзтам Ног азы наз бæласы алыварс зилын. Арæх-иу нæм æрбахуыдта къамисæджы, æмæ нын-иу нæ хуызистытæ систа. Къам сисыны размæ та-иу кæмæн йæ дзыккутæ балæгъзытæ кодта, кæмæн – йæ хæдон, сывæллæттæй исчи истæуыл кæуы, уæд-иу уый та йæ хъæбысы бакодта æмæ йæ не ‘руагътаид, цалынмæ æрсабыр уыдаид, уæдмæ. Рæвдауæндонмæ цингæнгæ згъордтон алы райсом дæр. Лидæ Тотровнæ та нæ æрдзы хъæбысмæ ахондзæн, æнхъæлæй. Бирæ балцытæ хъуыды кæнын, хъæдрæбын æрдузы-иу йæ алыварс æрбадтыстæм, æмæ нын бæлæсты нæмттæ, æрдзы миты тыххæй дзырдта. Иухатт та агуыридургæнæн заводмæ хæстæг кусджытæн дыууæуæладзыгон хæдзар самадтой, æмæ махмæ, сывæллæттæм, уый диссаг каст. Бафарстам нæ хъомылгæнæджы, чи дзы цæры, зæгъгæ, æмæ нын афтæ бакодта: «Уым, мæ хуртæ, Митын Дада Митæимæ цæрынц æмæ та нæм Ног азы æрбацæудзысты, лæвæрттæ уын æрбахæсдзысты». Ныр цал æмæ цал азы рацыд, уыцы хæдзарæн йæ бындур дæр нал ис, уæддæр мæ цæстытыл ауайы, æмæ йæ ныр дæр Митын Дадайы хæдзар хонын.
Лидæйы тыххæй æз ницы зыдтон, фæлæ йын йæ бинонты фæрсгæ-фæрсгæ ссардтон æмæ фæныхас кодтон йæ чындз Томæ æмæ йæ чызг Анжелæимæ. Томæ бæлвырд зоны йе ‘фсины царды хабæрттæ, æмæ мæнмæ дæр цымыдисаг фæкастысты.
– Ме ‘фсинимæ 27 азы фæцардыстæм иумæ, æмæ мын арæх дзырдта йæ куысты æмæ йе ‘взонг бонты хабæрттæ.
Фардзинты Тотыры чызг Баситы хæрæфырт уыдис, 1927 азы гуырд. Йæ мад раджы ахицæн йæ цардæй, æмæ йе ‘ртæ хъæбулы Лидæ, Тамарæ æмæ Алихан сæ фыды æвджид аззадысты. Алихан хъæбысы сывæллон уыд уæд. Фыд æрхаста дыккаг усæн Уырымты чызджы. Тотыр нымад уыдис бонджыныл. Йæхи бидаркæйыл Садонæй цинк ласта æмæ йæ уæй кодта, афтæмæй йæ бинонтæ дардта. Революцийы агъоммæ цард уæззау уыдис æмæ кæй бон куыд уыд, афтæ амæлттæ кодта. «Кулак» æй рахуыдтой, æмæ дæс азы ахæстоны фæбадтис. Уырымон уыцы æртæ сывæллоны хи хъæбултау схаста. Тотыр куы æрыздæхт, уæд йæ сывæллæттæ чысылтæ нал уыдысты. Лидæ каст фæци педучилищæ æмæ куыста УЗК-йы хъæдгуыстгæнæн заводы рæвдауæндоны сæргълæууæгæй, уый фæстæ та – хъомылгæнæгæй. Йæ цотæй ацы рæвдауæндонмæ цыдис йæ лæппу Артур дæр, æмæ-иу æм «мамæ» куы сдзырдта, уæд Лидæйы иннæ сывæллæттæ дæр «мамæ» хонын райдыдтой. Цыппораздзыдæй Лидæ идæдзæй аззад цыппар сывæллонимæ – æртæ чызджы æмæ иу лæппуимæ. Схъомыл сæ кодта адæмæн уарзон æмæ æгъдауджынæй – дзырдта Томæ.
Тынг æхсызгон мын уыдис, Томæ, йе ‘фсины мысгæйæ дзы рæсугъд æмæ хъарм ныхæстæ кæй загъта, уый. Уæвгæ, хᴂлардзинад æмæ сыгъдæгзæрдæ уæвын кæй туджы уыд, уыцы сылгоймаг æндæрхуызон дæр нæ уыдаид. Адæймаджы уды хорз миниуджытæ куыд нæ ис бамбæхсæн, афтæ æвзæр миниуджытæ дæр. Гаситы-Фардзинты Лидæмæ та æппæрццæгæй ницы уыд. Куыдфæндыйæ цард арвитын æнцон у, мацæй мæт дæ уæд, мацæуыл æмæ макæуыл сагъæс кæн. Фæлæ Лидæйы хуызæн сылгоймæгтæй афтæ ничи зæгъдзæн. Уый махæн, советон рæстæджы 70-æм азты сабитæн, Хуыцауы лæвар уыд, нæ рæзгæ удты нын фæзминаг миниуджытæ чи байтыдта æмæ нæ рæсугъд фидæныл чи баууæндын кодта, ахæм адæймаг. Мæ ныййарæг мады фæстæ мæ уарзон хъомылгæнæджы фæрцы рауад мæ царды фæндаг зæлдаг æмæ фæрнджын. Лидæ йæ цардæй ахицæн 2014 азы, æмæ кæм ис, уыцы дунейы хорзæх æй уæд. Мах, йæ «хъæбултæ», нæ зыдтам, кæмæй уыд нæ хъомылгæнæг, фæлæ нæ зæрдæты баззад «Лидæ Тотровнæ»-йæ, æмæ йын зæгъæм рухсаг. Цы кæстæртæ йын баззад, уыдон та сабыр дунейы фæрнæй цæрæнт.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here