Нымæцон райрæзты центр

0
30

Фарон сентябры Алагиры 2-æм скъолайы бындурыл кæй байгом кодтой, ныртæккæ нымæцон райрæзты уыцы центр «IT-куб»-ы ахуырдзауты нымæц у 400 лæппу æмæ чызгæй фылдæр.

Нæ республикæ национ проект «Ахуырад»-ы зæрдиагæй кæй архайы, уый фæрцы информацион технологитæм æргомздахæг скъоладзаутæн амынд центр сарæзтой.
«IT-куб»-мæ æрбацæуæг 6-18-аздзыд фæсивæдæн амонынц нырыккон нымæцон къабæзтæ: Python-ыл программæтæ аразыны куыст, робототехникæ, хъуыдыкæнынады бындуртæ, VR/AR уæлæфтуантæ цæттæ кæныны куыст, 3D моделарæзтад. Уымæй уæлдай, 900 сывæллонæй фылдæр архайынц дæрддзæфмæ дзыллон мадзæлтты, олимпиадæтæ æмæ мастер-классты.
«IT-куб»-ы ахуырад чи цæуы, каникулты рæстæг уыцы сывæллæттæн саразынц экскурситæ. Уымæй уæлдай, Scratch-программæарæзтад, аразгæ интеллект, робототехникæ æмæ системон администрацикæнынад кæдæм хауынц, фæсивæд архайынц ахæм мастер-классты.
Амынд информацион къабæзтæн фидæны уыдзæн стыр ахадындзинад. Мастер-классты ист зонындзинæдты фæрцы нымæцон экономикæйы бындуртæ сæвзæрынц. Райгуырæн республикæйæн фидæны пайда чи æрхæсдзæн, «IT-куб»-ы фæрцы нæм ахæм курдиатджын фæсивæд кæй фæзындзысты, ууыл зæрдæ дарæн ис.

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы
министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here