Уæлахиздзаутæ рабæрæг сты

0
79

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе» хæрзиуджытæ радта Граждайнаг фæндæттæн æххуысы æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзаутæн.

Ацы аз курдиæтты нымæц рауад дыууæ мин æртæсæдæйы бæрц, хуыздæр проекттыл хъæлæскæнынады та архайдтой 300 мин адæймагæй фылдæр. «Иугонд Уæрæсе»-йы фарсхæцджытæ фадæттæ кæмæн сарæзтой, уыцы конкурсы фæуæлахиз сты федералон, регионалон æмæ бынæттон æмвæзадты 93 проекты.

– Ацы аз конкурсы къæпхæн бæлвырд фæуæлдæр, уæлахиздзауты нымæц фараст хатты фæфылдæр кодтам. Нæ парти уæлахиздзаутæй алкæмæн дæр æппæтвæрсыг æххуыс кæндзæн. Ветерантæ æмæ бирæсывæллонджын бинонтæн æххуыс кæнгæйæ, конкурсы архайджытæ бархион æмæ патриотон къабæзты райрæзтæн ахъаз кæнынц. Историон номарæн бахъахъхъæныны фæдыл нæм бирæ курдиæттæ æрбафтыд, – хæрзиуджытæ дæттыны кадæн арæзт æмбырды ныхас кæнгæйæ, загъта партийы Генералон советы секретарь Владимир Якушев.

Хицауы бынатахсæг адæймаджы ныхасмæ гæсгæ, партийы фарсхæцджытæ ахъаз кæнынц граждайнаг æхсæнадимæ æргомæй ныхас кæнынæн æмæ æнæкоммерцион къабазимæ æмгуыст кæнынæн.

– Конкурсы æрдæгкæронбæттæнмæ рацæуæг адæймæгты нæмттæ сбæлвырд кодтам партийы фарсхæцджыты сайты адæмон хъæлæскæнынады бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Историон номарæн бахъахъхъæнын æмæ патриотон хъомылады къабæзтæм æрбафтыд бирæ курдиæттæ. Бирæ проекттæ баст сты сæрмагонд æфсæддон операциимæ (адæм сæрмагонд операцийы архайджытæн æххуыс кæнын æмæ нæ иумæйаг Уæлахиз æрбаввахс кæныны хъуыддæгтыл æнувыд кæй сты, амынд æууæл ууыл дзурæг у). Конкурсы алы уæлахиздзауæн дæр «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæ æмæ фарсхæцджытæй (адоны ‘хсæн уыдзысты Паддзахадон Думæйы депутаттæ дæр) зондамонæджы ратдзысты, стæй йын информацион æххуыс кæндзыс-
ты, граждайнаг фæндæтты конкурсы уæлахиздзауты номхыгъдмæ кæй бахастой, фæлæ Президенты грантты фонд кæмæн нæ баххуыс кодта, уыдонæн та «Иугонд Уæрæсе» сæ фæндæттæ царды рауадзынæн ахъаз кæндзæн, – зæгъы партийы Фарсхæцджыты центрон советы сæрдар Ольгæ Занко.

Федералон конкурсы номинаци «Хуыздæр бынæттон фæндон»-ы цæгатирыс-
тойнаг уæлахиздзау ссис проект «Къамты равдыст «Кавказыл хæст» бавдисæг Артур Гарага (амынд проект ахъаз кæны адæмы историон номарæн бахъахъхъæнынæн).

– Проект «Къамты равдыст «Кавказыл хæст»-ы фенæн ис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Кавказаг фронты æрцæуæг æвирхъау цаутæ. Хæсты рæстæг нæ фыдæлтæ кæй равдыстой, нæ хæс у уыцы хъæбатырдзинады тыххæй æнæхин хабæрттæ фидæны фæлтæртæм бахæццæ кæнын. Ацы æууæлæн нырыккон уавæрты ис стыр ахадындзинад. Нæ фæндон историон æнæхиндзинад бахъахъхъæнынæн кæй ахъаз кæны, конкурсы уæлахиз ууыл дзурæг у. Нæ равдысты æвæрд алы къам дæр нымад у цыфæнды зыгъуыммæ хабæртты ныхмæцæуæг æнæхин æвдисæныл. Сгуыхтдзинæдтæ æвдисгæйæ, дзыллæтæ бирæ зындзинæдтæ кæд бавзæрстой, хæсты уыцы рæстæг рохгæнинаг нæу, – загъта Артур Гарага.

Фиппаинаг: «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæ историон номарæн бахъахъхъæнын æмæ патриотон хъомылады фарстатæм сæйраг æргом здахы.

Санаты Альбинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here