Сæрды тæвд бонты Дзæуджыхъæуы цæрджытæн сæ уæгъд рæстæг арвитынæн горæт æмæ республикæйы разамонджытæ аразынц алыхуызон мадзæлттæ. Алы рæтты фæзынд «кæрдæгхуыз зонæтæ», сæ уындæй зæрдæ райы. Фæлæ адæймаджы йæхи доны «атулын» дæр фæфæнды, æмæ уымæн дæр ис гæнæнтæ. Зæгъæм, Терчы доныбыл ссæдз азы размæ байгом сывæллæтты бассейн «Арвæрдын» æмæ ныр дæр æнтыстджынæй кусы.
Сæумæрайсом бабæрæг кодтам бассейны бæстыхай æмæ дзы баййæфтам мат-
рос-ирвæзынгæнæг Георгий Чеботарев æмæ йæ дыууæ æххуысгæнæг лæппуйы Уалыты Рустем æмæ Цæллагты Тимуры. Ис дзы дыууæ зонæйы – иу – сывæллæттæн, иннæ та – ас адæмæн хинайæнтæ. Фæзуат – сыгъдæг, алцы дæр – йæ бынаты. Æфсæйнаг рæсугъд быруйыл ауыгъд, хи куыд дарын хъæуы, ахæм амындтытимæ плакаттæ. Ис дзы, уæлæдарæс кæм раивай, ахæм бынæттæ. Æрыгон нæлгоймæгтæ донуат цæттæ кодтой адæмы æрбацыдмæ, æмæ Георгийæ ракуырдтам, цæмæй нын радзура сæ куысты фæткы тыххæй.
– Фидæн аз нæ зæрды ис рацаразын, цы амаддзæгтæ дзы ис, уыдон хъуамæ ногтæй баивæм, нæ бæстыхай дæр фæуæрæхдæр уыдзæн. Алы райсом дæр бассейнтæ адæмы æрбацыдмæ ныссыгъдæг кæнæм – сæ быны æрбады змис, æндæр буаргъæдтæ, æмæ сæ сæрмагонд рыгцъирæнæй рацъирæм. Ам мæхæдæг фондз азы кусын, æрбацæуын авд сахатыл, æмæ сменæйы райдайæнмæ дыууæ бассейны дæр цæттæ вæййынц. Ныййарджытæ сæ сывæллæттимæ, фæсивæд, сылгоймæгтæ, нæлгоймæгтæ, астæуккаг кары минæвæрттæ дæр нæм цæуынц. Ис нæм пляжы зонæ, дыууадæс бынаты æрхуыссынмæ æмæ хурмæ хи бадарынмæ, ноджы аууоны абадынмæ – тапка, мæнгагъуыст.
Кусын райдайæм дæс сахатыл æмæ фæвæййæм изæры аст сахатыл. Афтæмæй фыццаг сеанс райдайы дæс сахатыл æмæ иуæндæсыл фæвæййы. Мах æртын минутмæ бассейнтæ ныссыгъдæг кæнæм, дон, санитарон домæнтæ куыд амонынц, афтæ сæрмагонд фæрсудзæнты ауадзæм, æмæ райдайы ног сеанс – уыцы иу цыд сæ бон бакæнын у 150 адæймагæн. Нæ кусæм æрмæстдæр уаргæ бонты. Дон ивæм дыууæ къуырийæ дыууæ къуыримæ, æмæ фæархайæм йæ баивыныл уаргæ бонты, цæмæй рæстæг хурбонты дзæгъæл сæфт ма цæуа. Цы рæстæг кусын, уæдæй нырмæ доны иу фыдбылызы цау дæр никуы æрцыд, мах кæдфæнды дæр къæрцхъусæй нæ бынæтты стæм, æххуысмæ – цæттæ, – радзырдта нын Георгий.
Куыд нын бамбарын кодта, афтæмæй фылдæр адæм æрбацæуы сихорафон, бон тынг куы стæвд вæййы, уæд. Ис дзы балхæнæн дон, сæлдæг, адджын бæмбæг, сывæллæттæн райсын дымст ирвæзынгæнæн тымбылæгтæ.
Иу сеансы аргъ у дыууæсæдæ сомы – донуæттæм зилын хъæуы, кусджытæн – мызд фидын. Изæрæй лæппутæ хæрзæфснайд бакæнынц сæ бæрныгонд бæстыхайы фæзуат. Кусынц къуыри алы бон дæр.
ГАПБАТЫ Алетæ, къам систа
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














