Йæ фæндтæ – хорздзинадæн

0
165

Нæ редакцийы хæлæрттæй иу у Джызæлы цæрæг Къæлхидты Алыксандр, бирæтæ та йæ Русланæй зонынц. Хаттæй-хатт ын ныммыхуыр кæнæм йе ‘мдзæвгæтæ, йæ уацхъуыдтæ, фæлæ йæ Ирыстоны фылдæр зонынц куыд цирчы артист. «Рæстдзинад» ын йæ аивадон фæндагыл цалдæр хатты
фыста. Джызæлы Культурæйы хæдзары зындгонд адæмон ансамбль «Арт»-ы фыццаг къахдзæфтæ акодта аивадон фæндагыл, æмæ йын
фæрæстмæ сты, ахуыдтой йæ дард бæстæтæм йæ фыдыуæзæгæй.

Советон Цæдисы рæстæг цирк уыдис цæрджыты уарзондæр аивады хуыз. Алыксандр, хъæуккаг тæлфаг лæппу, кафын, зарынмæ хорз арæхст, булæмæргъы зард та ма ныр дæр афтæ акæндзæн, æмæ, йæ алфамбылай чи вæййы, уыдон дисы бафтауы. Хуымæтæджы йыл нæ ныффидар фæсномыг «Соловей» дæр. Бирæ уарзта бæхтæ, æмæ диссаг нæу, цирчы йæ бынат кæй ссардта, уый. Уыдис Киргизийы цирк «Дастан»-ы артист, стæй та йæ директор. Уыцы рæстæг хорз «хъæугæ» баст-
дзинæдтæ сфидар кодта, æмæ æфсæддон завод «Физприборы»-йæ (арæзтой дзы доныбынты цæуæг наутæн торпедæтæ, фæлæ ма уыдоны уæлæмхасæн – адæмон хæдзарады хъæугæ мигæнæнтæ, дзаумæттæ) Алыксандр Ирыстонмæ сæрвыс-
та æнæхъæн вагоны дзаг уазалгæнæнтæ, итутæ, агтæ… Куыд зæгъы, афтæмæй ма, кæй сæрвыста, уыцы мигæнæнтæй абон дæр иуæй-иутыл йæ цæст æрхæцы. Афтæ ма сæрвыста Чингиз Айтматовы чингуытæ – уыцы рæстæг æппæт уыдæттæ нæ дуканиты зын ссарæн уыдысты.

Фæстæдæр æй Тугъантæ сæ къордмæ бацагуырдтой. Куыд цирчы артист, зæгъын æмбæлы, æппæт зæххы къорийыл æрзылд, мæйгæйттæй фылдæр-иу бафæстиат сты фæсарæйнаг бæстæты, Советон Цæдисы та сæ къорд йæ аивад кæм нæ равдыста æмæ барухс кодта цирк уарзджыты зæрдæтæ, ахæм нæ баззад. Ирыстойнаг лæппутæ сæ бæхджын аттракционтæ аккробатикон æмæ гимнастикон трюктимæ, джигитовкæ æмæ вольтижировкæимæ адæмæн æмбисонд уыдысты. Фæлæ сæ равдыстыты сæйрагдæр джигитты сæрæндзинад æмæ лæгдзинад нæ уыд, сæйрагдæр уыдысты бæхылбадджыты къорд æмæ бæхты иудзинад, кæрæдзи æмбарынад. Руслан æрмæст бæхылбадæг нæ уыд, фæлæ ма йæхæдæг æрхъуыды кодта, адæмы зæрдæмæ тынг чи фæцыд, къорд ахæм трюкы дæр. Дæсны уыд сæрак, царм æмæ сыкъайæ саргътæ, ехсытæ æмæ бæх ифтындзæн иннæ дзаумæттæ аразынмæ. Ис æм къорд патенты, уыимæ, сывæллæтты церебралон параличæй рынчын сабитæн сæ уавæр чи фæрогдæр кæндзæн, ахæм саргъ дæр сарæзта, фæлæ сæ дзыллон рауагъдадæн хъæуы фæрæзтæ, инвестор ссарын…

Ныртæккæ кæд пенси-исæг у, уæддæр Алыксандрмæ æрмæст Уæрæсейæ нæ, фæлæ Китайæ, Киргизи æмæ Казахстанæй дæр арæх æрбадзурынц телефонæй, рæсугъд хæлар ахастдзинæдтæ йын кæимæ уыд, уыцы цирчы артисттæ. Ахъазыд къорд аивадон кинонывы дæр, уыдонимæ – «Убойная сила», «Чингисхан», «Али баба и сорок разбойников», «Горячая точка», «Теплые ветры древних булгар», «Не бойся, я с тобой», «Одиннадцать писем Богу».

Абон Русланмæ уыйбæрц мысинæгтæ ис, æмæ дзы æнæхъæн чиныг ныффыссын æмбæлы, æмæ, куыд зæгъы, афтæмæй йæ зæрды дæр ис. Адæмы размæ рахæссынмæ кæй хъавы, уыцы цаутæ хатгай уыдысты – трагикон, фылдæр хатт – худæджы хабæрттæ. Зæгъæм, Хуызджын бульвары Мæскуыйаг цирчы Юрий Никулинимæ æм-
гуыстады тыххæй, сæ зæрдæбын ныхас царды алы фарстатыл. Æппæт бæс-
тæйæн уарзон клоун Карандаш æй иухатт, куыд йæ кæстæр хæлары, цай æлхæнынмæ куыд арвыста. «Æз тагъд-тагъд ауадтæн, зонгæтæ мын бирæ уыд, уайтагъд самал кодтон æмæ æрбадавтон индиаг «Чай со слоном». Уый мын цытæ загъта, мæ мады мын ралгъыста, цай мыл ныззыввытт лас-
та. Æз сæргуыбырæй йæ разæй рацыдтæн, æмæ мын Уарзиаты Керым, нæ къорды тренер, аивадон разамонæг, афтæ, æдылы, уый, дам, цай коньяк хоны. Ацыдтæн æмæ æрбахастон, цы агурдта, уый. Керым мын бамбарын кодта, аренæмæ ахæм «цай» æнæ схуыпп кæнгæйæ, кæй нæ рацæуы». Иуахæмы та Финляндийæ гастрольтæй æрбацыдысты, æмæ Керым йæ бæсты Алыксандры ныууагъта, йæхæдæг Ирыстонмæ йæ радон ссыды сфæнд кодта Къæлхидты хæдзар бабæрæг кæнын, йæ хиуæтты базонын æй фæндыд. Ссардта йын Джызæлы адрисмæ гæсгæ йæ хæдзар, бахос-
та, æмæ йæм Алыксандры мад Марикъо ракаст. Керым «бонхорз» зæгъыны фæстæ бафарста, ам, дам, цæры Къæлхидты Алыксандр? Сылгомаг, махмæ Алыксандр нæй, зæгъгæ, дзуапп ратта.

Уæд Керым фæцарæхст æмæ та йæ афарста, «Соловейы» дæр нæ зоныс, зæгъгæ. Сылгоймаг бацин кодта, уый, дам, мæ лæппу у, Руслан. Æмæ ма бирæ ахæм цымыдисаг хабæрттæ ис Руслан-Алыксандры «репертуары».

Æрæджы та йыл æрцыд цины цау – нæ регионы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй йын лæвæрд æрцыд Арфæйы фыстæг, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы культурæйы райрæзтмæ цы стыр æвæрæн бахста, уый тыххæй.

Алыксандр æмæ йæ цардæмбал Ритæ абон сæ иунæг бындар Хетæджы цæрайæ цæрынц. Уый ныртæккæ æфсады рæнхъыты ис – Райгуырæн бæстæйы раз йæ хæс кадджынæй æххæст кæны Мæскуыйы бын æфсæддон хæйттæй иуы. Йæ командиртæ ныййарджытæм цы фыстæг сæрвыстой, уым зæгъынц, Хетæг фæзминаг кæй у йе ‘мбæлттæн, хæстон æмæ политикон цæттæдзинады раззагдæртæй иу. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Къæлхидтæ сæ лæппуйæн раст хъомылад кæй раттой.

Бирæ фæндтæ ис Алыксандрмæ Ирыстоны хорздзинадæн, æмæ царды бæлвырд хъуыддæгтæй йæ къухы бафтæнт!

Бутаты Азæмæт

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here