Республикæйы хæдзарæдтæ хор æфснайыны куыст æххæст кæнын райдыдтой. Зæхкусджыты хæс у æртæ мин гектарæй фылдæр фæзуат ахсæг тыллæг
бафснайын.
Хуссар Ирыстоны Хъæу-уон хæдзарады министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, ныридæгæн Знауыры районы хор бафс-найдæуыд 80 гектарыл, Цхинвалы районы – 25, Ленингоры районы та – 145 гектарыл.
Хор æмбырд кæныны куыст хойрагон æдасдзинадæн фадæттæ саразынæн кæй ахъаз кæны, уый нымайгæйæ, зæхкусджытæ хоры хæрзхъæддзинад æмæ йæ æфснайдæй дарыны хъуыддагмæ стыр æргом здахынц.
– Хоры хæрзаддзинад æмæ йын йе ’дзаг уынд бахъахъхъæнынæн тыллæг æфснайæм æвзаргæ уагæй, культурты цæттæдзинад æмæ сын сæ хицæн æууæлтæ нымайгæйæ. Боныхъæд арæх кæй фæивы æмæ нæ авналæнтæй ахадгæ уагæй пайда кæнын кæй æмбæлы, уыдæттæ дæр нæ рох не сты, – зæгъы амынд ведомствæйы минæвар.
Ацы аз тыллæг æфсна-йын райдыдтой фаронæй дзæвгар раздæр. Нывыл боныхъæдæй спайда кæнгæйæ, зæхкусджытæ хор æфснайыны куыст æнæлазæй æххæст кæнынц. Механизаторты хæс у хъæбæрхор, мæнæу, сысджы, нартхор æмæ æндæр æфсирджын культуртæ бафснайын. Хор æфс-найынц паддзахадон унитарон куыстуат «Ирагропромсервис»-ы хъæууонхæдзарадон техникæйæ. Ацы куыстытæ ахæсдзысты августы кæронмæ.
Нæ уацхæссæг














