Уыцы изæр Цæлыччы Культурæйы хæдзары адæмæй базмæлæн нал уыд. Культурæйы артдзæстмæ æрбамбырд сты æрмæст хъæуккæгтæ нæ, фæлæ ма сыхаг хъæуты цæрджытæ дæр. Цæлыккæгтæн сæ арæхстдзинад æвдыстой Олгинскæйы Тотраты Бесæйы номыл адæмон театры хæдахуыр артисттæ. Цалдæр мæйы размæ сæ режиссер, РЦИ-Алани æмæ Цæцæны республикæйы сгуыхт артист Бæцæзаты Индирæимæ уæд Олгинскæйы цæрджытæн равдыстой Нартыхты Григоры пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Файнустытæ».
Премьерæмæ сæм æрцыдысты РЦИ-Аланийы Театралон архайджыты цæдис æмæ Республикæйы адæмон сфæлдыстадон хæдзары минæвæрттæ. Ацы пьесæ дæсгай азты æвдыст цыд Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон театрты сценæйы. Сатирæ æмæ юморы гæнæнтæй пайда кæнгæйæ, спектаклы ныхас цæуы бинонты абоны æнæллыггонд фарстаты фæдыл. Файнустытæ сæ лæгты уынаффæтæ ницæмæ даргæйæ, се ’нæсæрфат митыл худын кæнынц адæмы, фæстагмæ сæ лæгты зондджын архайдæй сæ æрхудын кæнынц сæхиуыл. Æмæ сæ цард дарддæр нывыл фæндагыл æвæрд æрцæуы.
Пьесæ кæд бирæ алыхуызон дæсны режиссертæ æвæрдтой, уæддæр Тотраты Бесæйы номыл адæмон театры режиссер Бæцæзаты Индирæ уыдоны фæзмыныны фæндагыл нæ ацыд. Спектаклмæ цы театралон архайды дæснытæ бакастысты: Битарты Ларисæ, Бесолты Лидæ, Сиукъаты Изетæ, Дауыраты Эдуард æмæ иннæтæ æмдзыхæй загътой режиссеры бирæвæрсыг, алыхуызон сфæлдыстадон ахорæнты, хорздзинæдты тыххæй. Æрымысыдысты, уый размæ ма ацы коллективимæ цы бирæ спектаклтæ сæвæрдта, уыдон дæр. Сæ ныхасмæ гæсгæ, Индирæ алы спектакл æвæргæйæ дæр пайда кæны, агуры йæхи сфæлдыстадон ахорæнтæ. Йæ хæдахуыр артисттимæ афтæ дæсны кусы æмæ сын райхалы, раргом кæны, сæхæдæг дæр æнхъæл кæмæн нæ вæййынц, ахæм миниуджытæ. Уыдонæй сæ фидар сбæтты театрдзаутимæ æмæ спектакль ацæуы иунæг сулæфты хуызæн. Театрдзаутæ та сæ зæрдæйы ахаст равдисынц дæргъвæтин къухæмдзæгъдæй. Сæ хæдзæрттæм сæ сæ къах нал фæхæссы. Бузныгæй базза-йынц хæдахуыр артисттæ Дзампаты Артур æмæ Пороты Æхсары, Алыккаты Ларисæ æмæ Мамыхъаты Фатимæйы, Цорæты Вовæ, Кæлуты Людмилæ æмæ Касаты Аланæйы сфæлдыстадон дæсны архайдæй. Афтæ зæрдæрухсæй баззадысты уыцы изæр цæлыккæгтæ, æмæ сæм районы сыхаг хъæутæй цы театрдзаутæ æрбацыдысты, уыдон дæр.
Бæцæзаты Индирæ Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры цы бирæ курдиатджын ирд фæлгонцтæ сарæзта, уыдон ма абон дæр нæ рох кæнынц театрдзаутæй. Олгинскæйы адæмон театримæ режиссерæй кусы дæс азы бæрц æмæ йæ ацы коллективæй йæ къах никуыдæмуал хæссы. Ам æвдисы йе сфæлдыс-тадон курдиат ныр та режиссерæй.
Бæцæзаты Индирæ æмæ йæ хæдахуыр артисттæ куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй ацы зын æмæ уæззау рæстæг сæхицæн хæсыл нымайынц адæмы æрхæндæг зæрдæтæм аивады рухс тынтæй баулæфыныл, спектакль ма сæ зæрды равдисын ис районы иннæ хъæуты дæр, æмæ сын кæд бантыса, уæд республикæйы æндæр хъæуты дæр. Се
сфæлдыстадон цæхæрæй адæмæн хæссынц циндзинад царды аиппытыл сатирæйы фæрцы худынæй æмæ ма сын бирæ бантысæд.
Касаты Батрадз














