Гæрæнтæ аивынæн

0
51

Кремлы сайт куыд фехъусын кодта, афтæмæй Уæрæсейы Президент Владимир Путин бæстæйы Хицауадæн бахæс кодта программæтæ «Хъæу-
уон ахуыргæнæг» æмæ «Хъæууон тренер»-ы архайынæн кары  гæрæнтæ аивыны тыххæй фарстайыл æрныхас кæнын.

23 июлы Хицауады уæнгтимæ чи ацыд, паддзахады разамонæг уыцы æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ хæслæвæрдты номхыгъд сфидар кодта.

«Программæтæ «Хъæууон ахуыргæнæг» æмæ «Хъæууон тренер»-ы архайынæн кары гæрæнтæ аивыны фæтк чи амоны, ахæм ивддзинæдтæ программæтæ «Хъæууон ахуыргæнæг»-мæ, «Хъæууон дохтыр», «Хъæууон фелсыр», «Хъæууон культурæйы кусæг» æмæ «Хъæууон тренер»-мæ дæр бахæссыны тыххæй фарстайыл ныхасгонд æрцæуæд», – фыст ис Президенты бардзырды.

Уымæй уæлдай, уæлдæр æмæ профессион ахуыргæнæндæттæ каст чи фæци, стæй хи цæрынады хъæуты æрбынæттонуæвæг ахуыргæнæндæттæм кусынмæ чи бацыд, Владимир Путин бахæс кодта ахæм адæймæгтæн программæтæ «Хъæууон ахуыргæнæг» æмæ «Хъæууон тренер»-ы архайыны фадат раттыны тыххæй фарстайыл дæр æрныхас кæнын.

«15-æм регион»

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here