Зæрдылдарæн бынæттæм – экскурси

0
73

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азы фæткмæ гæсгæ, стæй Уæрæсеимæ ног регионты – Луганскы æмæ Донецкы Адæмон Республикæты, стæй Херсоны æмæ Запорожьейы облæстты – баиукæнынадыл æртæ азы кæй сæххæст, уый кадæн Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады ветеранты актив Алагиры 2-æм скъолайы 8 «б» æмæ 9 «б» кълæсты кадеттæн сарæзта æмбарынгæнæн экскурси хæстон намысы бынæттæм.

Районы мидхъуыддæгты хайады Ветеранты советы сæрдар, пъæлицæйы отставкæйы булкъон Бицъоты Олег, стæй амынд кълæсты ахуырдзаутæ сæ разамонæг Хъайттаты Людмилæимæ иумæ бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы хæстон намысы зындгонддæр зæрдылдарæн бынæттæ (архитектурон-скульп-
турон комплекс «Намысы номарæн» æмæ «Барбашовы фæз»), стæй нæ республикæйы сæйраг горæты  æрбынæттонуæвæг Национ музей.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты заман сырхæфсæддонтæ кæй равдыстой, фæсивæд уыцы хъæбатырдзинады тыххæй хабæрттæ базыдтой. Рæзгæ фæлтæр сæ Райгуырæн бæстæйы историмæ стыр æргом кæй здахынц, уый бирæйыл дзурæг у.

Зонындзинæдтæ фылдæр кæнынæн ахъазгæнæг балцы архайджытæ мидисджын экскурсийæн фадæттæ саразæг адæймæгтæн бузныг загътой.

 

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы мидхъуыддæгты
 хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here