Федералон электронон рад

0
50

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло видеоконференцбастдзинады фæрцы скодта уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-мæ 2025 азы 1-æм октябрæй бæрæггонд бонты бацæуыны федералон системæимæ баст æмбырд.

Архайдтой дзы Уæрæсейы Транспорты, Æдасдзинады Федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы, Арæнхъахъхъæнæн управленийы минæвæрттæ, иннæ бæрнон адæймæгтæ. Рæгъмæ рахастæуыд уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы ахсджиаг ивддзинæдтæ. Конд цæуынц, 2025 азы 1-æм октябрæй федералон электронон рад скусдзæн. Ныхас цыд йæ бацæуæнтæ банывыл кæныны фарстайыл. Уыцы хъæппæристæ рацыдысты Арæнхъахъхъæнæг управленийæ.

Электронон рады руаджы пункты уадзæн хъомыс фæтыхджындæр уыдзæн. Йæ фæрцы кæд бирæкилометрон радтæ фæкъаддæр уаиккой Уæзласджытæн сæ бон уыдзæн арæнмæ бацæуыны рæстæг рагагъоммæ сбæлвырд кæнын, афтæмæй транспорты цыд банывыл уыдзæн, уый бæрц  сæ лæууын нал хъæудзæн.

Сергей Меняло куыд радзырдта, афтæмæй республикæйы разамынды фæнды, цæмæй транспорт бæлвырд æмæ æмбæрст фæткмæ гæсгæ цæуой. «Хъуамæ ацы ран æрбаиу уой республикон æмæ федералон разамынды тыхтæ», – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here